Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Матфей 8:22 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

22 Фӕлӕ йын Йесо дзуапп радта: «Мӕ фӕдыл рацу, мӕрдтӕ сӕхӕдӕг ныгӕнӕнт сӕ мӕрдты».

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Матфей 8:22
17 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

ӕмӕ уыйадыл Елисей фӕуагъта йӕ галтӕ, Илийайы фӕдыл азгъордта ӕмӕ йӕм бахатыд: «Бар мын ратт, ӕмӕ ма мӕ мад ӕмӕ мӕ фыдӕн хӕрзбоны охыл аба кӕнон, стӕй рацӕудзынӕн дӕ фӕдыл». Уый йын загъта: «Цу, фӕлӕ дӕ ма ферох уӕд, цы дын бакодтон, уый! Фӕстӕмӕ-иу мӕм раздӕх».


Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй Йын ӕндӕр загъта: «Хицау, мӕ фыды баныгӕнынмӕ уал мӕ ауадз».


Йесо уырдыгӕй куы фӕцӕйцыд, уӕд хъалонисӕн бынаты бадгӕ федта иу лӕджы, йӕ ном — Матфей, ӕмӕ йын загъта: «Рацу Мӕ фӕдыл». Уый сыстад ӕмӕ Йӕ фӕдыл ацыди.


Куы фӕцӕйцыди, уӕд хъалонисӕн бынаты бадгӕ федта Алфейы фырт Левийы ӕмӕ йын загъта: «Рацу Мӕ фӕдыл». Уый сыстад ӕмӕ ацыди Йӕ фӕдыл.


Уымӕн ӕмӕ мын ацы фырт уыди мард ӕмӕ ныр райгас ис, уыди мын сӕфт ӕмӕ фӕзынди“. Уыйадыл стыр куывд скодтой.


Фӕлӕ цины бӕрӕгбон саразын ӕмбӕлд, уымӕн ӕмӕ де ’фсымӕр уыди мард ӕмӕ райгас ис, уыди сӕфт ӕмӕ фӕзынди“».


Ӕндӕр кӕмӕндӕр та загъта: «Рацу Мӕ фӕдыл». Ӕмӕ Йын уый дзуапп радта: «Хицау, мӕ фыды баныгӕнынмӕ уал мӕ ауадз».


Фӕлӕ йын Йесо загъта: «Мӕрдтӕ сӕхӕдӕг ныгӕнӕнт сӕ мӕрдты. Ды та цу ӕмӕ хъусын кӕн Хуыцауы Паддзахады уац».


Дыккаг бон Йесо Галилеймӕ цӕуынвӕнд скодта. Ссардта Филиппы ӕмӕ йын загъта: «Цом Мемӕ».


Уыцы ныхӕстӕй Йесо фӕсномыгӕй бамбарын кодта, Петр Хуыцауы цавӕр мӕлӕтӕй скадджын кӕндзӕни, уый. Ӕмӕ йын уый фӕстӕ загъта: «Мӕ фӕдыл цу».


Йесо йын загъта: «Кӕд ӕмӕ Мӕн афтӕ фӕнды, цӕмӕй уый Ме ’рцыдмӕ удӕгас уа, уӕд та? Ды цу Мӕ фӕдыл».


Уӕ фыдракӕндтӕ ӕмӕ тӕригъӕдты аххосӕй сымах раздӕр мард уыдыстут.


ӕмӕ мах, нӕ тӕригъӕдты аххосӕй мард адӕмы, райгас кодта Чырыстиимӕ — сымах фервӕзтыстут Хуыцауы хорзӕхы фӕрцы.


Уымӕ гӕсгӕ загъдӕуыд: «Райхъал у дӕ фынӕйӕ, рабад мӕрдтӕй, ӕмӕ дӕ Чырысти ныррухс кӕндзӕн».


Сымах уӕ тӕригъӕдты ӕмӕ уӕ ӕнӕсунӕт ӕрдзыхъӕды аххосӕй уыдыстут мард, фӕлӕ уӕ Хуыцау райгас кодта Чырыстиимӕ. Хуыцау нын ныббарста не ’ппӕт тӕригъӕдтӕ дӕр,


Ирхӕфсӕнтӕ уарзаг идӕдз ус та удӕгасӕй мард у.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ