16 Сӕ хъуыддӕгтӕй сӕ базондзыстут. Сындзы къутӕрӕй, мыййаг, сӕнӕфсир ӕртонынц кӕнӕ ичъийӕ — легъуи?
Адӕймаг ӕрыгонӕй дӕр йӕ митӕй бӕрӕг вӕййы — йӕ хъуыддӕгтӕ сыгъдӕг ӕмӕ цӕсгомджын сты ӕви нӕ.
Бӕласӕн йӕхи дӕр ӕмӕ йӕ дыргъ дӕр кӕнӕ хорзыл банымайут, кӕнӕ ӕвзӕрыл, уымӕн ӕмӕ бӕлас бӕрӕг вӕййы йӕ дыргъӕй.
Уӕдӕ уыцы адӕмы дӕр сӕ хъуыддӕгтӕй базондзыстут.
Удӕн та йӕ дыргътӕ сты: уарзондзинад, циндзинад, фарн, бирӕбыхст, зӕрдӕхӕлардзинад, рӕдаудзинад, иузӕрдиондзинад,
Фӕлӕ исчи зӕгъдзӕн: «Дӕумӕ уырнындзинад ис, мӕнмӕ та — хъуыддӕгтӕ». Фенын мын кӕн дӕ уырнындзинад ӕнӕ хъуыддӕгтӕй, ӕз та дын мӕ уырнындзинад мӕ хъуыддӕгтӕй равдисдзынӕн.
Ме ’фсымӕртӕ, легъуи бӕласыл, мыййаг, оливӕ бӕласы гагатӕ ӕрзайдзӕни, сӕнӕфсирыл та — легъуийы дыргътӕ? Афтӕ цӕхджын суадонӕй дӕр адджын дон нӕ гуыры.
Дунедарӕг тӕрхонгӕнӕг фӕуӕд не ’хсӕн, ӕмӕ дӕ Дунедарӕг райсӕд мӕ маст. Ӕз дӕм мӕ къух нӕ сисдзынӕн.