44 Ӕз та уын зӕгъын: уарзут уе знӕгты ӕмӕ кувут уе ’фхӕрджыты тыххӕй.
Уый йын загъта: «Дӕ къух сӕм ма сис! Ау, дӕ кард ӕмӕ дӕ фаты фӕрцы сӕ райстай уацары, куыд сӕ хъуамӕ ныццӕгъдай? Фӕлтау сын хӕрд ӕмӕ нозт ӕрӕвӕр сӕ разы, ӕмӕ куы бафсӕдой, уӕд сӕ арвит сӕ паддзахмӕ».
О Дунедарӕг, мӕ Хуыцау, кӕд, цы не ’мбӕлы, ахӕмӕй исты ракодтон, фыдракӕндӕй мӕ къухтӕ фӕчъизи кодтон,
Зондджын йӕ маст уромын зоны; искӕмӕн йӕ рӕдыд куы ныббары, уӕд йӕхицӕн кад кӕны.
Йесо дзырдта: «Мӕ Фыд, ныббар сын, уымӕн ӕмӕ, цы аразынц, уый нӕ зонынц». Йӕ дарӕстыл Ын хӕлттӕ сӕппӕрстой ӕмӕ сӕ се ’хсӕн байуӕрстой.
Дӕттын уын ног фӕдзӕхст: уарзут кӕрӕдзийы. Ӕз уӕ куыд уарзын, афтӕ сымах дӕр кӕрӕдзийы уарзут.
Фӕлӕ Павел ныхъхъӕр кодта: «Дӕхицӕн знаггад ма ракӕн! Мах не ’ппӕт дӕр ам стӕм!»
Стӕй ӕрхауди йӕ зонгуытыл ӕмӕ хъӕрӕй ныууынӕргъыдта: «Дунедарӕг, ныббар сын ацы тӕригъӕд». Уыцы ныхӕстимӕ Стефан амард.
Уе ’фхӕрджыты ӕлгъитгӕ ма кӕнут, фӕлӕ сын хорзӕх курут Хуыцауӕй.
Кӕсут уӕхимӕ, цӕмӕй фыдӕх мачи фида фыдӕхӕй, фӕлӕ иудадзыг тырнут кӕрӕдзийӕн ӕмӕ алкӕмӕн дӕр хорз саразынмӕ.
Дзырдтой Йын ӕфхӕрӕн ныхӕстӕ, фӕлӕ сын уый ӕнгӕс дзуапп нӕ лӕвӕрдта, хъизӕмарӕй Йӕ мардтой, фӕлӕ сӕ никӕмӕ бартхъирӕн кодта — Йӕхи бакодта ӕнӕхӕрам Тӕрхонгӕнӕджы бар.
Фыдӕх ма фидут фыдӕхӕй, ӕфхӕрӕн ныхас — ӕфхӕрӕн ныхасӕй. Уый нӕ, фӕлӕ Хуыцауӕй курут хорзӕх ӕфхӕрджытӕн — Хуыцау сымахмӕ уый тыххӕй фӕсидти. Ӕмӕ уыл уӕд ӕрцӕудзӕн Йӕ хорзӕх.
Давид йӕ ныхас куы фӕци, уӕд Саул загъта: «Давид, мӕ хъӕбул, уый дӕ хъӕлӕс хъусын?» Ӕмӕ хъӕрӕй ныккуыдта.