Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Матфей 5:30 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

30 Дӕ рахиз къух дӕ рӕдийын кӕны, уӕд ӕй ралыг кӕн ӕмӕ йӕ аппар — ӕгасӕй дӕр зындонмӕ бахауыны бӕсты дӕ буары уӕнгтӕй иу фӕхъӕуӕд.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Матфей 5:30
19 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Ӕмӕ тӕхудиаг у, Мӕныл гуырысхо чи нӕ кӕны, уый».


Фӕлӕ ӕнӕуидаг у, ӕмӕ бирӕ нӕ бафӕразы. Тыхст рӕстӕг куы ралӕууы кӕнӕ Хуыцауы ныхасы тыххӕй ӕфхӕрын куы райдайынц, уӕд уайтагъд йӕ уырнындзинад фӕцуды.


Йесо разылд ӕмӕ Петрӕн загъта: «Фесӕф Мӕ цурӕй, сайтан! Ды Мын цӕлхдур дӕ, уымӕн ӕмӕ дӕ хъуыдытӕ, Хуыцауы фӕндон цы у, ууыл нӕ, фӕлӕ адӕймаджы фӕндоныл сты».


Фӕлӕ ныл цӕмӕй сӕ зӕрдӕ ма фӕхуда, уый тыххӕй ацу денджызмӕ, ӕнгуыр доны баппар ӕмӕ, фыццаг цы кӕсаг ӕрцахсай, уый райс. Ӕмӕ йын йӕ дзых куы байгом кӕнай, уӕд дзы ссардзынӕ статир. Рахӕсс ӕй ӕмӕ сын ӕй ратт Мӕн тыххӕй ӕмӕ дӕхи тыххӕй дӕр».


Дӕ къух кӕнӕ дӕ къах дӕ кӕд рӕдийын кӕны, уӕд ӕй ралыг кӕн ӕмӕ йӕ аппар: хуыздӕр дын у ӕнӕ къух кӕнӕ ӕнӕ къахӕй мыггагмӕйы цардмӕ бацӕуын, цӕйнӕфӕлтау ӕд къах, ӕд къух ӕнӕхуысгӕ арты ӕппӕрст ӕрцӕуай.


Уӕд паддзах йӕ фӕсдзӕуинтӕн загъта: „Йӕ къухтӕ ӕмӕ йын йӕ къӕхтӕ сбӕттут ӕмӕ йӕ ӕддӕмӕ, талынгмӕ, аппарут. Уырдыгӕй хъуысдзӕни кӕуын ӕмӕ дӕндӕгты хъыс-хъыс“.


Фондз таланты чи райста, уый бацыд, бахаста йӕм иннӕ фондз таланты ӕмӕ загъта: „Хицау, ды мын радтай фондз таланты, ӕз сӕ спайда кодтон ӕмӕ ма сӕм мӕнӕ фондз таланты бафтыдтон“.


Уӕд сын Йесо загъта: «Ахсӕв Мӕ уе ’ппӕт дӕр ныууадздзыстут, уымӕн ӕмӕ фыст ис: „Ӕрцӕвдзынӕн фыййауы, ӕмӕ ныххӕлиу уыдзӕни фысты дзуг“.


Ӕз та уын зӕгъын: суанг йе ’фсымӕрмӕ йӕ зӕрдӕйы маст чи хӕссы, уый дӕр дзуапп дӕтдзӕни тӕрхоны раз; йе ’фсымӕрӕн, «ницӕйаг дӕ», зӕгъгӕ, чи зӕгъа, уый дзуапп дӕтдзӕни синедрионы раз; «ӕнӕзонд» ӕй чи рахона, уымӕ та ӕнхъӕлмӕ кӕсы зындоны арт.


Дӕ рахиз цӕст дӕ рӕдийын кӕны, уӕд ӕй фелвас ӕмӕ йӕ аппар — ӕгасӕй дӕр зындонмӕ бахауыны бӕсты фӕлтау дӕ буары хӕйттӕй иу фӕхъӕуӕд.


Дӕ къух дӕ рӕдийын кӕны, — ралыг ӕй кӕн: хуыздӕр дын у уӕнгхъуагӕй цӕрын, цӕйнӕфӕлтау дыууӕ къухимӕ зындоны ӕнӕхуысгӕ арты бахауай.


Тӕрсын уӕ кӕмӕй хъӕуы, уый уын Ӕз зӕгъдзынӕн: амарыны фӕстӕ зындоны ныппарын Кӕй бон у, Уымӕй тӕрсут. О, зӕгъын уын, Уымӕй тӕрсут.


Ацы кӕстӕртӕй иуы дӕр тӕригъӕдыл чи бафтауа, уымӕн фӕлтау ныридӕгӕн йӕ бӕрзӕйыл куыройы фыд куы ӕрцауындзиккой ӕмӕ йӕ денджызы куы баппариккой, уӕд ын хуыздӕр уаид.


Сыгъдӕг Фыст зӕгъы: «Мӕнӕ Ӕз Сионы ӕвӕрын Дур — ӕмӕ Йыл фӕкӕлдзысты, Къӕдзӕх — ӕмӕ сын цӕлхдур суыдзӕн. Фӕлӕ Йыл чи ӕууӕнды, уый нӕ фегад уыдзӕни».


Уӕдӕ кӕд хойраг тӕригъӕды ӕфтауы ме ’фсымӕры, уӕд мыггагмӕ дӕр дзидзайы хъӕстӕ мӕхи нал фӕкӕндзынӕн, цӕмӕй тӕригъӕды ма бафтауон ме ’фсымӕры.


Кӕд ма ӕз ныртӕккӕ дӕр, ӕфсымӕртӕ, сунӕты фарс дӕн, уӕд мӕ цӕй тыххӕй ӕфхӕрынц? Уӕд дзуары тыххӕй цы фӕдзурын, уый цӕлхдур нӕ уаид.


ӕмӕ: «Кӕуыл фӕкӕлдзысты, уыцы Дур, цӕлхдур сын Чи суыдзӕн, уыцы Къӕдзӕх». Ӕмӕ ӕцӕгӕйдӕр фӕкӕлынц, уымӕн ӕмӕ не ’ууӕндынц Сыгъдӕг Фыстыл. Афтӕ сын нывгонд у.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ