21 Сымах фехъуыстат, рагон адӕмӕн цы загъд уыди, уый: «Ма амар». Чи амара, уый дзуапп дӕтдзӕни тӕрхоны раз.
Сылгоймаг дзурын райдыдта: «Раздӕр-иу афтӕ загътой, ӕнӕмӕнг Авелы сахары бафӕрсут, зӕгъгӕ, ӕмӕ-иу алы хъуыддаг дӕр афтӕмӕй сарӕзтой.
Иудейы алы фидаргонд сахары дӕр сӕвӕрдта тӕрхоны лӕгтӕ.
Ма амар.
Ӕмӕ уын уыдзысты уыцы сахартӕ, йӕ туг чи агуры, уымӕй хи ӕмбӕхсынӕн, цӕмӕй туджджын ма фӕмард уа дзыллӕйы тӕрхоны размӕ.
Сымах фехъуыстат, рагон адӕмӕн цы загъд уыди, уый: «Ма хӕт».
Сымах фехъуыстат, уӕ рагфыдӕлтӕн афтӕ загъд кӕй уыди: «Дӕ сомы ма фӕсай, фӕлӕ, Хуыцауӕн цы дзырд радтай, уый сӕххӕст кӕн».
Сымах фехъуыстат, цы загъд уыди, уый: «Цӕстӕн — цӕст ӕмӕ дӕндагӕн — дӕндаг».
Сымах фехъуыстат, цы загъд уыди, уый: «Уарз дӕ хионы ӕмӕ де сӕфт уын де знагӕй».
Дунедарӕг, дӕ Хуыцау, дын кӕй дӕтты, ӕппӕт уыцы сахарты дӕ мыггӕгтӕн тӕрхонгӕнджытӕ ӕмӕ уагдартӕ сӕвӕр, адӕмӕн раст тӕрхон куыд кӕной, афтӕ.
Йе ’фсымӕрӕй йе сӕфт чидӕриддӕр уыны, уый лӕгмар у. Сымах та зонут: лӕгмартӕй иуӕн дӕр мыггагмӕйы цард нӕй.