Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Матфей 4:15 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

15 «Денджызмӕ фӕндагыл, Иорданы фаллаг фарс — Зевулон ӕмӕ Неффалимы зӕхх! Муртаттаг Галилей!

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Матфей 4:15
9 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Уыцы хъуыддӕгты йӕ, цасдӕриддӕр ӕй хъуыдис, уый бӕрц кедр ӕмӕ кипарис хъӕдӕрмӕгӕй, стӕй сыгъзӕринӕй ифтонг кодта Тиры паддзах Хирам. Арӕзтадон куыстытӕ куы фесты, уӕд Соломон Хирамӕн радта ссӕдз галилейаг сахары.


Израилы паддзах Фекахы заман Израилмӕ ӕрбабырста Тиглат-Пилесер, Ассирийы паддзах. Бацахста сахартӕ Ийон, Авел-Бет-Мааха, Йаноах, Кедеш ӕмӕ Хацор; Галаад ӕмӕ Галилейы зӕххытӕ, стӕй Неффалимы хӕдзарвӕндаджы зӕхх иууылдӕр. Сӕ цӕрджытӕ хаст ӕрцыдысты Ассиримӕ.


Ныронг Зевулон ӕмӕ Неффалимы зӕххытӕ ӕгады бынаты уыдысты, фӕлӕ фидӕны скадджын уыдзысты уыдон: Галилейы денджызгӕрон бӕстӕ дӕр ӕмӕ Иорданы фаллаг фарс, муртаттӕгтӕ кӕм цӕрынц, уыцы Галилей дӕр.


Назаретӕй ацыд ӕмӕ ӕрцарди денджызы былгӕрон, Капернаумы сахары, Зевулон ӕмӕ Неффалимы зӕххыл.


Афтӕмӕй хъуамӕ сӕххӕст уыдаид, пехуымпар Исайайы уылты Хуыцау цы загъта, уый:


Галилей, Дӕссахар, Йерусалим, Иудей ӕмӕ Иорданы фаллаг фарс цы адӕм царди, уыдон къордтӕй Йӕ фӕдыл цыдысты.


Ӕмӕ сын, Моисей ӕмӕ ӕппӕт пехуымпартӕй райдайгӕйӕ, бамбарын кодта, ӕппӕт Фыстыты Йӕхи тыххӕй цы загъд ис, уыдӕттӕ.


Ӕмӕ израилӕгтӕ сӕрӕфснайынӕн снысан кодтой мӕнӕ ацы сахартӕ: Галилейы, Неффалимы байзӕддӕгты хӕхбӕсты — Кедеш, Ефремы фӕдонты хӕхбӕсты — Шехем, иудейӕгты хӕхбӕсты та — Кирйат-Арба (ома Хеврон).


Неффалимы хӕдзарвӕндагӕй — ӕмбӕхсӕн сахар Кедеш йӕ алыварс сӕрвӕттимӕ Галилейы, Хаммот-Дор йӕ алыварс сӕрвӕттимӕ, Картан йӕ алыварс сӕрвӕттимӕ: ӕртӕ сахары.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ