20 Сахуыр сӕ кӕнут, Ӕз уын цы бафӕдзӕхстон, ӕппӕт уыдӕттӕ ӕххӕст кӕнын. Ӕз та дунейы фӕудмӕ кӕддӕриддӕр уыдзынӕн уемӕ».
Фӕлӕ Дунедарӕг уыд Йосефимӕ ӕмӕ йыл аудыдта. Ахӕстоны хицауы зӕрдӕмӕ йӕ фӕцӕуын кодта.
Йеходайы фырт Бенайа паддзахӕн загъта: — Аммен, мӕ паддзах! Дӕ ныхас дын ныффидар кӕнӕд Дунедарӕг, дӕ Хуыцау!
Дунедарӕг уӕд арфӕгонд, йе Стыр Хуыцау Израилӕн! Кад Ын уӕд мыггагӕй-мыггагмӕ! Ӕппӕт адӕм дӕр загътой: «Аммен! Алелуйа!»
Кады зарӕг зарут Хуыцауӕн, зарут! Кады зарӕг сисут нӕ Паддзахӕн, сисут!
Ӕрбайсӕфдзысты ӕваст, ӕбуалгъ уыдзӕни сӕ кӕрон.
Хуыцау ын дзуапп радта: «Ӕз демӕ уыдзынӕн. Мӕнӕ, Ӕз дӕ кӕй арвыстон, уый нысан: Мӕ адӕмы Мын Мысырӕй куы ракӕнай, уӕд ӕрбацӕудзыстут ӕмӕ Хуыцаумӕ мӕнӕ ацы хохы сӕр скувдзыстут».
Мах хъуамӕ ӕртӕ бонцауы бӕрц фӕцӕуӕм ӕдзӕрӕг быдыры ӕмӕ уыцы ран ӕрхӕссӕм нывӕндтӕ Дунедарӕгӕн, нӕ Хуыцауӕн, — Уый нын Йӕхӕдӕг куыд зӕгъа, афтӕ».
Тӕрсгӕ ма кӕнут, Ӕз уемӕ дӕн! Уӕ зӕрдӕ мацӕмӕ ӕхсайӕд, уымӕн ӕмӕ Ӕз уӕ Хуыцау дӕн! Уӕ зӕрдӕйы уын бауадздзынӕн ныфс, баххуыс уын кӕндзынӕн ӕмӕ уӕ бахъахъхъӕндзынӕн Мӕ хъомысджын къухӕй.
«Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: Дунедарӕджы хӕдзары кӕрты ӕрлӕуу ӕмӕ, Иудейы сахарты цӕрджытӕн, бакувынмӕ чи ӕрбацыди, уыдонӕн, цыдӕриддӕр дын бафӕдзӕхсон, уыдӕттӕ иууылдӕр фехъусын кӕн, иу дзырд дӕр дзы ма фӕуадз.
Адӕмы фӕтӕг семӕ хъуамӕ уа. Адӕм куы бацӕуой, уӕд-иу бацӕуӕд уый дӕр, куы рацӕуой, уӕд та-иу уый дӕр рацӕуӕд.
«Чызг банхъӕлцау уыдзӕн ӕмӕ ныййардзӕн Фырт, схондзысты Йӕ Эммануил», ома «Хуыцау немӕ ис».
Раст афтӕ уыдзӕн, дунейӕн йӕ кӕрон куы ’рцӕуа, уӕд дӕр: ӕрцӕудзысты зӕдтӕ, тӕригъӕдджынты фӕхицӕн кӕндзысты рӕстгӕнджытӕй
Уымӕн ӕмӕ, Мӕ номыл дыууӕ кӕнӕ ӕртӕ адӕймаджы кӕм ӕрӕмбырд уой, уым Ӕз дӕр семӕ уыдзынӕн».
Йесомӕ Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ Елеоны хохмӕ бацыдысты ӕмӕ Йӕ хибарӕй бафарстой: «Зӕгъ-ма нын, кӕд уыдзӕн, стӕй цӕмӕй бӕрӕг уыдзӕнис Де ’рцыды афон ӕмӕ, дунейы кӕрон кӕй ӕрхӕццӕ ис, уый?»
Ма нӕ бафтау фыдӕвзарӕны, фӕлӕ нӕ бахиз сайтанӕй. Уымӕн ӕмӕ Паддзахад, тых ӕмӕ кад Дӕу сты мыггагмӕ. Аммен.
Ахуыргӕнинӕгтӕ дӕр ацыдысты ӕмӕ алы ран хъусын кодтой Фарны Уац. Бардарӕг сын ӕххуыс кодта ӕмӕ, сӕ ныхас раст кӕй у, уый ӕвдыста алы диссӕгты фӕрцы.
Уыдон фидар хӕцыдысты апостолты ахуырадыл, иумӕ уыди сӕ дзулсаст ӕмӕ кувгӕ дӕр иумӕ кодтой.
Уымӕн ӕмӕ ӕз алцыдӕр сарӕзтон, цӕмӕй уын Хуыцауы фӕндон фехъусын кӕнон ӕххӕстӕй.
Разы уӕ дӕн, ӕфсымӕртӕ, алы хъуыддаджы дӕр уӕ зӕрдыл кӕй лӕууын ӕмӕ уӕм цы ахуырад ӕрхастон, ууыл иууылдӕр фидар кӕй хӕцут, уымӕй.
Уымӕн ӕмӕ, Бардарӕгӕй цы базыдтон, ӕз уый сымахӕн дӕр бацамыдтон: гадзрахатӕй Йыл куы рацыдӕуыд, уыцы ӕхсӕв Бардарӕг Йесо райста дзул,
Кӕд исчи йӕхи пехуымпарыл кӕнӕ Сыгъдӕг Удӕй лӕвӕрд курдиаты хицауыл нымайы, уӕд бамбарӕд: ӕз уӕм цы фыссын, уый Бардарӕг бафӕдзӕхста.
Цыдӕриддӕр уын фӕдзӕхсын, уыдон, ӕппаргӕ дӕр ӕмӕ сӕм ӕфтаугӕ дӕр мацы бакӕнут, афтӕмӕй бӕстон ӕххӕст кӕнут.
Уӕхимӕ кӕсут уӕдӕ, ӕмӕ уын Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, куыд бафӕдзӕхста, афтӕ кӕнут: рахизӕрдӕм дӕр ӕмӕ галиуӕрдӕм дӕр ма фӕзилут.
Мах хъусын кӕнӕм Чырыстийы тыххӕй; ӕппӕт зонынадӕй дӕр пайда кӕнгӕйӕ, алы адӕймагӕн дӕр зонд амонӕм ӕмӕ йӕ ахуыр кӕнӕм, цӕмӕй алы адӕймаг дӕр, Чырыстиимӕ кӕй ис, уый фӕрцы Хуыцауы раз ӕнаиппӕй ӕрлӕууа.
Фӕлӕ мӕм Бардарӕг ӕрцыд ӕмӕ мӕ сфидар кодта, цӕмӕй Фарны Уац мӕн уылты хъуыстгонд ӕрцӕуа ӕххӕстӕй ӕмӕ йӕ муртаттӕгтӕ се ’ппӕт дӕр фехъусой. Афтӕмӕй мӕ Уый фервӕзын кодта домбайы дзыхӕй.
Цард-цӕрӕнбонты дӕ ныхмӕ ничи фӕлӕудзӕн, уымӕн ӕмӕ Ӕз, Моисейыл куыд аудыдтон, афтӕ ауддзынӕн дӕуыл дӕр. Мӕхи дыл нӕ атигъ кӕндзынӕн, нӕ дӕ ныууадздзынӕн.
Рох уӕ ма уӕнт, сыгъдӕг пехуымпартӕ рагагъоммӕ кӕй загътой, уыцы ныхӕстӕ, стӕй уын уӕ апостолты дзыхӕй Бардарӕг ӕмӕ Ирвӕзынгӕнӕг кӕй фехъусын кодта, Йӕ уыцы фӕдзӕхст.
дӕн удӕгас. Ӕз уыдтӕн мард, фӕлӕ мӕнӕ цардӕгас дӕн мыггагӕй-мыггагмӕ! Мӕнмӕ сты мӕрдтыбӕстӕйы ӕмӕ мӕлӕты дӕгъӕлтӕ.
Мӕ фӕдзӕхстытӕ чи ӕххӕст кӕны, уыдон тӕхудиаг сты — уыдзӕн сын царды бӕласы дыргъӕй бахӕрыны ӕмӕ сахармӕ кулдуарыл бацӕуыны бар.