Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Матфей 28:17 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

17 ӕмӕ Йӕ куы федтой, уӕд Йӕ разы сӕ зонгуытыл ӕрхаудтой. Фӕлӕ дзы иуӕй-иутӕ уӕддӕр гуырысхо кодтой.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Матфей 28:17
10 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Кадджын Ӕй кӕнут сыгъдӕгзӕрдӕйӕ, цӕмӕй уӕм ма смӕсты уа, ӕмӕ фыдвӕндаг ма фӕуат! Уайтагъд рафыцдзӕни Йӕ маст! Тӕхудиаг сты, йӕхи Йыл чи бафӕдзӕхста, уыдон!


Ӕрсабыр ут ӕмӕ зонут: Ӕз дӕн Хуыцау, скадджын уыдзынӕн ӕппӕт адӕмты ’хсӕн, ӕгас зӕххы цъарыл.


Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: ам чи лӕууы, уыдонӕй иуӕй-иутӕ сӕ удӕгасӕй фендзысты Адӕймаджы Фырты паддзахы бартимӕ ӕрцӕугӕ».


Фӕндагыл ӕвиппайды сӕ размӕ рацыди Йесо ӕмӕ сын загъта: «Цин кӕнут!» Уыдон Ӕм базгъордтой, сӕ зонгуытыл ӕрхаудтой Йӕ разы ӕмӕ Йын ныттыхстысты Йӕ къӕхтыл.


Фӕлӕ уыдон, Йесо райгас ис ӕмӕ Йӕ Мариа федта, зӕгъгӕ, уый куы фехъуыстой, уӕд сӕ нӕ бауырныдта.


Уыдон раздӕхтысты ӕмӕ хабар иннӕтӕн дӕр радзырдтой. Фӕлӕ уыдоныл дӕр нӕ баууӕндыдысты.


Ӕппынфӕстаг Йесо Йӕ иуӕндӕс ахуыргӕнинагмӕ раргом ис, фынджы уӕлхъус куы бадтысты, уӕд. Ӕмӕ сын бауайдзӕф кодта, уырнындзинад сӕм кӕй нӕ уыд, сӕ зӕрдӕтӕ ӕхгӕд кӕй разындысты ӕмӕ, Йӕ райгасы фӕстӕ Йӕ чи федта, уыдоныл кӕй нӕ баууӕндыдысты, уый тыххӕй.


цӕмӕй, Фыды куыд нымайынц, Фырты дӕр афтӕ нымайой. Фырты чи нӕ нымайы, уый Йын Йӕ рарвитӕг Фыды дӕр нӕ нымайы.


Йӕ хъизӕмӕртты фӕстӕ Йесо бирӕ хӕттыты фӕзындис апостолтӕм ӕмӕ сын бирӕ ӕвдисӕйнӕгтӕй равдыста, ӕцӕг кӕй райгас, уый. Йӕхи сын уынын кодта дыууиссӕдз боны дӕргъы ӕмӕ сын дзырдта Хуыцауы Паддзахады тыххӕй.


Стӕй уыцы иу рӕстӕг Йӕхи равдыста фондзсӕдӕ ӕфсымӕрӕй фылдӕрмӕ. Уыдонӕн сӕ фылдӕр, иуӕй-иутӕй фӕстӕмӕ, абон дӕр ма сӕрӕгас сты.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ