15 Уыдон райстой ӕхца ӕмӕ, куыд сын бацамыдтой, афтӕ бакодтой. Уыцы хабар иудейӕгты ӕхсӕн суанг абон дӕр хъуыстгонд у.
ӕмӕ сын загъта: «Цы мын ратдзыстут, уӕ къухы уын Ӕй куы бафтын кӕнон, уӕд?» Уыдон ын радтой дӕс ӕмӕ ссӕдз ӕвзист ӕхцайы.
Уымӕ гӕсгӕ уыцы зӕхх абон дӕр хонынц «Туджы зӕхх».
Уыдон та ацыдысты ӕмӕ Йын ӕппӕт уыцы бӕстӕйыл айхъуысын кодтой Йӕ кой.
Фӕлӕ уый ацыд ӕмӕ хабар дӕрдтыл айхъуысын кодта. Уыйадыл Йесойӕн сахартӕм ӕргомӕй бацӕуӕн нал уыд ӕмӕ-иу хибар рӕтты баззади. Фӕлӕ Йӕм уӕддӕр алырдыгӕй цыдысты.
Уымӕн ӕмӕ ӕппӕт фыдбылызтӕн сӕ уидаг у ӕхцамӕ бӕллын. Ӕхцамӕ бӕлгӕйӕ, иуӕй-иутӕ фӕхауӕггаг сты уырнындзинады фӕндагӕй ӕмӕ сӕхиуыл хъизӕмӕрттӕ бафтыдтой.