50 Йесо та ногӕй хъӕрӕй ныууынӕргъыдта ӕмӕ Йӕ уд систа.
Авд хатты ӕхсай дыууӕ азы куы рацӕуа, уӕд Байсӕрсты амардӕуыдзӕн, ӕмӕ Йӕм ницы азым уыдзӕн. Ӕрбабырсӕг фӕтӕджы адӕм сахар дӕр ӕмӕ Кувӕндон дӕр ныппырх кӕндзысты. Фӕтӕджы сӕфт та уыдзӕни стыр бӕллӕхау, ӕмӕ уыцы фыдӕвзарӕн дуджы кӕронмӕ хӕст нӕ банцайдзӕн, рагацау куыд нысангонд уыдис, афтӕ.
Адӕймаджы Фырт дӕр уый тыххӕй не ’рцыд, ӕмӕ Йын лӕггад кӕной, фӕлӕ цӕмӕй Йӕхӕдӕг балӕггад кӕна ӕмӕ бирӕтӕн сӕрибар ӕрхӕссыны сӕраппонд ратта Йӕ цард».
Иннӕтӕ та дзырдтой: «Фӕлӕуу-ма, бакӕсӕм, кӕддӕра Йӕм Илийа ӕрцӕуид ӕмӕ Йӕ фервӕзын кӕнид».
Йесо та хъӕрӕй ныууынӕргъыдта ӕмӕ Йӕ уд систа.
Йесо хъӕрӕй ныууынӕргъыдта: «Мӕ Фыд, Дӕ къухмӕ Дын дӕттын Мӕ уд». Ӕмӕ, афтӕ куыддӕр загъта, афтӕ Йӕ уд систа.
Ӕз дӕн хорз фыййау; хорз фыййау йӕ цард ратты йӕ фысты сӕраппонд.
Мӕн Мӕ Фыд куыд зоны, Ӕз дӕр Мӕ Фыды афтӕ зонын, ӕмӕ Мӕ цард дӕттын Мӕ фысты сӕраппонд.
Туаг сӕны дзаг дурын дзы уыди, ӕмӕ ӕфсӕддонтӕ хырыз комраз сӕны атылдтой, иссопы къалиуыл ӕй ӕрсагътой ӕмӕ Йын ӕй Йӕ дзыхмӕ схастой.
Йесо туаг сӕнӕй куы ацахуыста, уӕд загъта: «Ӕппӕт дӕр сӕххӕст!» Уыйадыл Йӕ сӕр ӕркъул кодта ӕмӕ Йӕ уд систа.
Ӕмӕ, хъӕбултӕ буар ӕмӕ тугӕй конд кӕй сты, уымӕ гӕсгӕ Чырысти дӕр сси уыдоны халдих, цӕмӕй Йӕ мӕлӕты фӕрцы мӕлӕты ӕлдары — хӕйрӕджы — ӕнӕхай фӕкӕна йӕ хъаруйӕ
Йӕ зӕххон буары ма куы уыди, уӕд дзыназгӕйӕ ӕмӕ цӕссыг калгӕйӕ куывта ӕмӕ куырдта, мӕлӕтӕй Йӕ фервӕзын кӕнын Кӕй бон уыди, уыцы Хуыцауӕй, ӕмӕ Йӕ Уый фехъуыста, аргъуыц Ын кӕй кодта, уый тыххӕй.
уӕд цас тыхджындӕр у, ӕнусон Уды фӕрцы Хуыцауӕн Йӕхи ӕнаипп нывондӕн Чи ӕрхаста, уыцы Чырыстийы Туг! Уыцы Туг мах фервӕзын кӕндзӕн ӕфсармы тӕрхонӕй — ныууадздзыстӕм мӕлӕтхӕссӕг хъуыддӕгтӕ ӕмӕ лӕггад кӕндзыстӕм цардӕгас Хуыцауӕн.