38 Йемӕ ма дзуӕрттыл байтыгътой дыууӕ абырӕджы, сӕ иуы — Йӕ рахизфарс, иннӕйы та — Йӕ галиуфарс.
Уымӕ гӕсгӕ Йын бирӕтимӕ ратдзынӕн хай, хъомысджынтимӕ байуардзӕни ӕфтиаг, уымӕн ӕмӕ Йӕхицӕн равзӕрста мӕлӕт. Фыдгӕнджыты хыгъдмӕ Йӕ бахастӕуыд, афтӕмӕй та Йӕхимӕ райста бирӕты тӕригъӕд, фыдгӕнджытӕн сси хатыркурӕг».
Йӕ сӕрмӕ Йын дзуарыл фӕйнӕджы гӕбаз ныххуыдтой, фыст ыл уыди Йӕ азым: «АЙ У ЙЕСО, ИУДЕЙӔГТЫ ПАДДЗАХ».
Йӕ рӕзты-иу чи фӕцӕйцыд, уыдон-иу сӕ сӕртӕ банкъуыстой ӕмӕ Йын алы ӕфхӕрӕн ныхӕстӕ кодтой:
Йемӕ Йын кӕй байтыгътой, уыцы абырджытӕ дӕр Ӕй фаудтой.
Йемӕ ма дзуӕрттыл байтыгътой дыууӕ абырӕджы, иуы — Йӕ рахизфарс, иннӕйы та — Йӕ галиуфарс.
Зӕгъын уын, Сыгъдӕг Фысты цы загъд ис, уый Мыл хъуамӕ ӕрцӕуа: „Фыдгӕнджыты хыгъдмӕ Йӕ бахастӕуыд“. Мӕн тыххӕй цы фыст ис, уый рӕхджы сӕххӕст уыдзӕни».
Уыцы ран Ӕй дыууӕ ӕндӕр ахӕстимӕ, уыдон — Йӕ фӕйнӕфарс, Уый — астӕуӕй, афтӕмӕй дзуарыл байтыгътой.