35 Дзуарыл Ӕй чи байтыгъта, уыдон Ын Йӕ дарӕстыл хӕлттӕ сӕппӕрстой ӕмӕ сӕ се ’хсӕн байуӕрстой.
Йесо дзырдта: «Мӕ Фыд, ныббар сын, уымӕн ӕмӕ, цы аразынц, уый нӕ зонынц». Йӕ дарӕстыл Ын хӕлттӕ сӕппӕрстой ӕмӕ сӕ се ’хсӕн байуӕрстой.
Ӕмӕ сӕм Йӕ къухтӕ ӕмӕ Йӕ фарс равдыста. Ахуыргӕнинӕгтӕ Хицауы куы федтой, уӕд Ыл ныццин кодтой.
Иннӕ ахуыргӕнинӕгтӕ йын загътой: «Мах федтам Хицауы». Фӕлӕ сын уый дзуапп радта: «Йӕ къухтыл зӕгӕлы фӕдтӕ куынӕ фенон, ме ’нгуылдз уыцы хъӕдгӕмттыл куынӕ авӕрон, мӕ къух та — Йӕ фарсы хъӕдгомыл, уӕд мӕ нӕ бауырндзӕн».
Стӕй Фомамӕ дзуры: «Ӕрбадар-ма де ’нгуылдз ӕмӕ Мын бавнал Мӕ къухтӕм. Ӕрбадар дӕ къух ӕмӕ Мын бавнал Мӕ фарсы хъӕдгоммӕ. Ӕмӕ дызӕрдыг мауал кӕн, фӕлӕ баууӕнд».
Хуыцау рагацау куыд бауынаффӕ ӕмӕ снысан кодта, афтӕ Йӕ сымах муртаттӕгты къухӕй байтыгътат дзуарыл ӕмӕ Йӕ амардтат.
уӕд уе ’ппӕтӕн дӕр ӕмӕ ӕгас Израилы адӕмӕн дӕр зындгонд уӕд: сымах Кӕй байтыгътат ӕмӕ Хуыцау мӕрдтӕй Кӕй райгас кодта, уыцы Назаретаг Йесо Чырыстийы номы фӕрцы ацы лӕг уӕ разы ӕнӕнизӕй лӕууы.