20 Фӕлӕ алчертӕ ӕмӕ адӕмы хистӕртӕ сардыдтой адӕмы, цӕмӕй сӕрибар ракурой Вараввӕйӕн, Йесойы та амарын кӕной.
Куыддӕр Йеремиа, Дунедарӕг ын цыдӕриддӕр бафӕдзӕхста, уыдон адӕмӕн фехъусын кодта, афтӕ йӕм сауджынтӕ, пехуымпартӕ ӕмӕ иннӕ адӕм фӕлӕбурдтой ӕмӕ ныхъхъӕр кодтой: «Ды маринаг дӕ!
Бӕстыхицау сӕ бафарста: «Куыд уӕ фӕнды, ацы дыууӕйӕ уын кӕй рауадзон?» Уыдон загътой: «Вараввӕйы».
Фӕлӕ алчертӕ адӕмы сардыдтой, Вараввӕйы сын рауадзыныл куыд дзурой, афтӕ.
Фӕлӕ уыдон ныхъхъӕр кодтой: «Уый — нӕ! Вараввӕйы рауадз!» Уыцы Вараввӕ та абырӕг уыди.
Алы сабат та ныхас кодта синагогӕйы, йӕхи хъардта иудейӕгты ӕмӕ муртаттӕгты баууӕндын кӕныныл.