12 Фӕлӕ Йӕ алчертӕ ӕмӕ адӕмы хистӕртӕ зылын кӕнын куы райдыдтой, уӕд сын Йесо ницы дзуапп радта.
Карз Ӕй ӕфхӕрдтой, фӕлӕ Уый ӕдзӕмӕй лӕууыди, ӕргӕвдынмӕ кӕй ракӕнынц, уыцы уӕрыккау, ӕлвынгӕ кӕй фӕкӕнынц, уыцы фысау. Хъыпп-сыпп дӕр не скодта.
Фӕлӕ Йесо ницы дзырдта. Алчер Ын загъта: «Расомы кӕн цардӕгас Хуыцауы раз, раст ныхас нын кӕй зӕгъдзынӕ, уый тыххӕй: Ды дӕ Чырысти, Хуыцауы Фырт?»
Уӕд Ын Пилат загъта: «Дӕ ныхмӕ куыд бирӕ адӕм ӕвдисӕн кӕнынц, уый нӕ хъусыс?»
Фӕлӕ йын Йесо йӕ иу фарстӕн дӕр дзуапп нӕ радта, ӕмӕ бӕстыхицау стыр дисы бафтыди.
Бирӕ цӕмӕйдӕрты Йӕ фарста, фӕлӕ йын Йесо ницы дзуапп лӕвӕрдта.
Сыгъдӕг Фысты эфиопаг касти мӕнӕ уыцы бынат: «Фысау Ӕй акодтой ӕргӕвдынмӕ, ӕмӕ, уӕрыччы куы фелвынынц, уӕд куыд ныссабыр вӕййы, афтӕ Уый дӕр ӕдзӕмӕй лӕууыди.
Дзырдтой Йын ӕфхӕрӕн ныхӕстӕ, фӕлӕ сын уый ӕнгӕс дзуапп нӕ лӕвӕрдта, хъизӕмарӕй Йӕ мардтой, фӕлӕ сӕ никӕмӕ бартхъирӕн кодта — Йӕхи бакодта ӕнӕхӕрам Тӕрхонгӕнӕджы бар.