11 Ныр Йесо та ӕрлӕууыди бӕстыхицауы раз, ӕмӕ Йӕ уый бафарста: «Ды дӕ иудейаг Паддзах?» Йесо йын дзуапп радта: «Дӕхӕдӕг ӕй куы зӕгъыс».
Мӕн тыххӕй уӕ хицӕуттӕм ӕмӕ паддзӕхтӕм кӕндзысты, цӕмӕй Мын уыдон ӕмӕ муртаттӕгты раз уат ӕвдисӕнтӕ.
Ахуыргӕнинаг йӕ ахуыргӕнӕджы хуызӕн куы суа, уӕд ын уый ӕгъгъӕд у. Цагъар дӕр йӕ хицауы хуызӕн куы суа, уӕд уымӕн дӕр ӕгъгъӕд у. Хӕдзары хицауы Веелзевул куы хоной, уӕд ын йӕ хӕдзаронты ноджы цыфыддӕртӕ не схондзысты, ӕви?
«Кӕм ис иудейаг ноггуырд Паддзах? Мах Ын Йе стъалы федтам скӕсӕнӕй ссӕугӕ ӕмӕ ӕрцыдыстӕм, цӕмӕй Йӕм бакувӕм».
Уӕд Йӕ уӕйгӕнӕг Иудӕ дӕр загъта: «Уый, мыййаг, ӕз уыдзынӕн, Равви?» Йесо йын дзуапп радта: «Дӕхӕдӕг ӕй куы зӕгъыс».
Йесо йын дзуапп радта: «Дӕхӕдӕг ӕй куы зӕгъыс. Фӕлӕ уын зӕгъын: нырӕй фӕстӕмӕ „Адӕймаджы Фырты уындзыстут Ӕппӕтхъомысы рахизфарс бадгӕ ӕмӕ ӕрвон ӕврӕгътыл ӕрцӕйцӕугӕ“».
Йесо загъта: «Ӕз дӕн. Ӕмӕ сымах „Адӕймаджы Фырты фендзыстут Ӕппӕтхъомысы рахизфарс бадгӕ ӕмӕ уӕларвон ӕврӕгътыл ӕрцӕйцӕугӕ“».
Уӕд Ӕй се ’ппӕт дӕр бафарстой: «Уӕдӕ Ды Хуыцауы Фырт дӕ?» Уый сын дзуапп радта: «Уӕхӕдӕг ӕй куы зӕгъут, Ӕз Хуыцауы Фырт кӕй дӕн, уый».
Алкӕмӕн дӕр цард Чи дӕтты, уыцы Хуыцауы раз, стӕй Понтий Пилатӕн ӕцӕгады тыххӕй ӕргомӕй Чи загъта, уыцы Йесо Чырыстийы раз дын фӕдзӕхсын: