10 Ӕмӕ уыдонӕй дурынгӕнӕджы зӕххы аргъ бафыстой, Хуыцау мын куыд загъта, афтӕ».
Зӕгъдзынӕн сын: „Кӕд уӕ фӕнды, уӕд Мын Мӕ мызд раттут, кӕд нӕ, уӕд ӕй уадзут“. Ӕмӕ Мын дӕс ӕмӕ ссӕдз шекелы ӕвзист сбардзысты».
Дунедарӕг мын загъта: «Уыцы ӕвзист дурынгӕнӕгмӕ баппар, — ахӕм стыр аргъ Мын скодтой!» Ӕз райстон дӕс ӕмӕ ссӕдз шекелы ӕвзист ӕмӕ сӕ Дунедарӕджы Кувӕндоны дурынгӕнӕгмӕ баппӕрстон.