Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Матфей 26:74 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

74 Уӕд Петр ард хӕрын ӕмӕ Хуыцауӕй сомы кӕнын райдыдта: «Ӕз уыцы Адӕймаджы нӕ зонын». Уыйадыл уасӕг ныууасыди,

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Матфей 26:74
19 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Ма тӕрсут, буар чи мары, фӕлӕ уд амарын кӕй бон нӕу, уыдонӕй. Тӕрсут, уд дӕр ӕмӕ буар дӕр зындоны фесафын Кӕй бон у, Уымӕй.


Йесо йын загъта: «Ӕцӕг цы у, уый дын зӕгъын, ахсӕв уасӕг нӕма ныууасдзӕн, афтӕ Мыл ӕртӕ хатты атигъ кӕндзынӕ дӕхи».


Уым чи лӕууыд, уыдон дӕр чысыл фӕстӕдӕр бацыдысты Петрмӕ ӕмӕ йын загътой: «Ды дӕр бӕлвырд уыдонӕй дӕ — де ’взаджы здӕхт дыл комдзог цӕуы».


ӕмӕ Петры зӕрдыл ӕрлӕууыд, Йесо йын цы загъта, уый: «Уасӕг нӕма ныууасдзӕн, афтӕ Мыл ӕртӕ хатты атигъ кӕндзынӕ дӕхи». Петр ӕддӕмӕ рацыд ӕмӕ судзаг цӕссыгӕй ныккуыдта.


Адӕм ын ӕмхъӕлӕсӕй дзуапп радтой: «Йӕ туг махӕн ӕмӕ нӕ зӕнӕгӕн фидинаг фӕуӕд!»


Йесо йын загъта: «Ӕцӕг цы у, уый дын зӕгъын: ахсӕв уасӕг дыууӕ хатты нӕма ныууасдзӕн, афтӕ Мыл ӕртӕ хатты атигъ кӕндзынӕ дӕхи».


Фӕлӕ Петр нӕ басасти: «Цытӕ дзурыс, ӕз уымӕн ницы зонын ӕмӕ, цы дзурыс, уый ӕмбаргӕ дӕр нӕ кӕнын». Уыйадыл ӕддаг кӕртмӕ рацыди, ӕмӕ уалынмӕ уасӕг ныууасыд.


Фӕлӕ Петр уымӕн дӕр загъта: «Цытӕ дзурыс, уый не ’мбарын». Петр йӕ ныхас нӕма фӕци, афтӕ уасӕг ныууасыд.


Петр та Йыл нӕ басасти. Тӕккӕ уыцы уысм уасӕг ныууасыд.


Фӕлтау ӕлгъыст куы баййафин ӕмӕ, мӕ туг, ме стӕг чи у, мӕ уыцы ӕфсымӕрты сӕраппонд Чырыстийӕ куы фӕхицӕн уаин.


Бардарӕджы [Йесо Чырыстийы] чи нӕ уарзы, уый ӕлгъыст у. Марана та!


Кӕй уарзын, уыдонӕн Ӕз бауайдзӕф кӕнын ӕмӕ сӕ бафхӕрын. Уӕдӕ ӕнувыд у ӕмӕ ӕрфӕсмон кӕн дӕ тӕригъӕдтыл.


Иу хатт йӕ мадӕн афтӕ зӕгъы: «Мин ӕмӕ сӕдӕ шекелы дӕ ӕвзист куы фесӕфти, уӕд дын ӕз де ’лгъыст фехъуыстон. Уыцы ’хца мӕнӕ сты, ӕз сӕ райстон». Мад загъта: «Дунедарӕг арфӕ ракӕнӕд мӕ лӕппуйӕн!»


Нӕ чызджыты сын моймӕ раттын махӕн нӕ бон нӕу, уымӕн ӕмӕ израилӕгтӕ сомы ракодтой, йӕ чызджы Бениамины мыггагӕй искӕмӕн чи радта, уый ӕлгъыст уыдзӕни, зӕгъгӕ».


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ