Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Матфей 26:63 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

63 Фӕлӕ Йесо ницы дзырдта. Алчер Ын загъта: «Расомы кӕн цардӕгас Хуыцауы раз, раст ныхас нын кӕй зӕгъдзынӕ, уый тыххӕй: Ды дӕ Чырысти, Хуыцауы Фырт?»

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Матфей 26:63
42 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Паддзах ын загъта: «Ныр дӕм цалӕм хатт хатын, рӕстдзинад йеддӕмӕ мын мацы дзур, зӕгъгӕ! Цы дын загъта Дунедарӕг?»


Паддзах ын загъта: «Цал хатты дӕм хъуамӕ хатон: Дунедарӕджы номы сӕраппонд мын рӕстдзинад йеддӕмӕ мацы дзур!»


Ды — мӕ Хуыцау ӕмӕ мӕ хъару. Цӕмӕн мӕ ныууагътай? Цӕмӕн згъалын мӕ цӕссыг ме знаджы ӕфхӕрдӕй?


Хуыснӕджы ’мбал йӕхицӕн знаг у: давӕджы куыд ӕлгъитынц, уый хъусы, фӕлӕ йӕ дзыхыл хӕцы.


Карз Ӕй ӕфхӕрдтой, фӕлӕ Уый ӕдзӕмӕй лӕууыди, ӕргӕвдынмӕ кӕй ракӕнынц, уыцы уӕрыккау, ӕлвынгӕ кӕй фӕкӕнынц, уыцы фысау. Хъыпп-сыпп дӕр не скодта.


Фӕлӕ Шадрах, Мешах ӕмӕ Авед-Него паддзах Навуходоносорӕн дзуапп радтой: «Мах нӕхи дӕ разы нӕ раст кӕндзыстӕм.


Адӕймагӕн йӕ разы исты хабар ӕрцыди, йӕхи цӕстӕй цыдӕр федта ӕмӕ бӕлвырд исты зоны, фӕлӕ йӕхи ныхъхъус кодта, ӕвдисӕн нӕ ныллӕууыд ӕмӕ уымӕй тӕригъӕды бацыди, зӕгъгӕ, уӕд йӕ азымы тыххӕй хъуамӕ дзуапп ратта.


Симон Петр Ын дзуапп радта: «Ды Чырысти дӕ, цардӕгас Хуыцауы Фырт».


Уӕд алчер йӕ бынатӕй сыстад ӕмӕ Йесойӕн загъта: «Дӕ ныхмӕ Дын цы дзурынц, уымӕн ницы дзуапп дӕттыс?»


Фӕлӕ Йӕ алчертӕ ӕмӕ адӕмы хистӕртӕ зылын кӕнын куы райдыдтой, уӕд сын Йесо ницы дзуапп радта.


Фӕлӕ йын Йесо йӕ иу фарстӕн дӕр дзуапп нӕ радта, ӕмӕ бӕстыхицау стыр дисы бафтыди.


«Гъей, Кувӕндон халӕг ӕмӕ йӕ ӕртӕ бонмӕ аразӕг! Кӕд Хуыцауы Фырт дӕ, уӕд Дӕхи фервӕзын кӕн ӕмӕ дзуарӕй ӕрхиз».


Хуыцауыл Йӕ зӕрдӕ дардта, ӕмӕ Йӕ ныр фервӕзын кӕнӕд, кӕд Хуыцауӕн фӕндон у, уӕд. Афтӕ куы дзырдта: „Ӕз Хуыцауы Фырт дӕн“».


Сӕдӕйыхицау ӕмӕ Йесойы хъахъхъӕнджытӕ зӕххӕнкъуыст ӕмӕ ӕппӕт уыдӕттӕ куы федтой, уӕд тынг фӕтарстысты ӕмӕ дзырдтой: «Уый ӕцӕгӕй Хуыцауы Фырт уыди».


Уӕд Ӕм хӕйрӕг ӕрбацыд ӕмӕ Йын загъта: «Кӕд Хуыцауы Фырт дӕ, уӕд зӕгъ, цӕмӕй ацы дуртӕ фестой дзултӕ».


Фӕлӕ Йесо ницы дзырдта, йӕ дзыхӕй иу ныхас дӕр не схауд. Алчер Ӕй ногӕй бафарста: «Ды дӕ Чырысти, Арфӕгонд Хуыцауы Фырт?»


Ӕз уыдӕттӕ федтон ӕмӕ, Уый Хуыцауы Фырт кӕй у, уымӕн ӕвдисӕн лӕууын».


Нафанаил Ын загъта: «Равви, Ды дӕ Хуыцауы Фырт, Израилы Паддзах!»


Уым Ыл иудейӕгтӕ ӕрӕмбырд сты ӕмӕ Йын дзырдтой: «Кӕдмӕ ма нӕ тыхсын кӕндзынӕ? Кӕд Чырысти дӕ, уӕд нын ӕй ӕргом зӕгъ».


уӕд, Фыд Кӕй срухс кодта ӕмӕ дунемӕ Кӕй рарвыста, Уымӕй афтӕ куыд дзурут: „Хуыцауы фауы“, „Ӕз Хуыцауы Фырт дӕн“ кӕй загътон, уый тыххӕй?


Пилат Ын загъта: «Уӕдӕ Ды Паддзах дӕ?» Йесо дзуапп радта: «Дӕхӕдӕг ӕй куы зӕгъыс, Ӕз Паддзах кӕй дӕн, уый. Ӕз уый тыххӕй райгуырдтӕн ӕмӕ дунемӕ уымӕн ӕрцыдтӕн, цӕмӕй дзурон ӕцӕгады тыххӕй. Ӕцӕгадӕй чидӕриддӕр у, уый Мӕм хъусы».


Иудейӕгтӕ йын дзуапп радтой: «Махӕн ис Ӕгъдау ӕмӕ, уыцы Ӕгъдаумӕ гӕсгӕ, Уый хъуамӕ амӕла, уымӕн ӕмӕ Йӕхицӕй Хуыцауы Фырт аразы».


Ногӕй та бацыди галуанмӕ ӕмӕ Йесойы бафарста: «Кӕцӕй дӕ?» Фӕлӕ йын Йесо дзуапп нӕ радта.


Ацы чиныг та уымӕн фыст ӕрцыд, цӕмӕй баууӕндат, Йесо Хуыцауы Фырт, Чырысти кӕй у, ууыл. Ӕмӕ куы ӕууӕндат, уӕд Йӕ фӕрцы схайджын уыдзыстут мыггагмӕйы цардӕй.


Мах бауырныдта ӕмӕ базыдтам, Ды Хуыцауы Сыгъдӕг кӕй дӕ, уый».


Уӕд Ӕй бафарстой: «Ды чи дӕ?» Йесо сын загъта: «Ӕз Чи дӕн, уый тыххӕй уын райдианӕй дзурын.


Ӕз, Силуан ӕмӕ Тимофей сымахӕн Кӕй тыххӕй дзырдтам, Хуыцауы уыцы Фырт Йесо Чырысти уыцы иу рӕстӕг «о» ӕмӕ «нӕ» нӕ уыди, фӕлӕ ӕрмӕст «о» у.


Дзырдтой Йын ӕфхӕрӕн ныхӕстӕ, фӕлӕ сын уый ӕнгӕс дзуапп нӕ лӕвӕрдта, хъизӕмарӕй Йӕ мардтой, фӕлӕ сӕ никӕмӕ бартхъирӕн кодта — Йӕхи бакодта ӕнӕхӕрам Тӕрхонгӕнӕджы бар.


Уыцы бон израилӕгтӕ тынг бастадысты, фӕлӕ Саул басомы кодта: «Ӕлгъыст фӕуӕд, изӕрмӕ къӕбӕры хъӕстӕ чи фӕуа, уый! Хъуамӕ уал раздӕр ме знӕгтӕй мӕ маст райсон». Ӕмӕ адӕмӕй хойраг йӕ дзыхмӕ ничи схаста.


Адӕм федтой, мыд куыд тӕдзы, уый, фӕлӕ дзы йӕ дзыхмӕ ничи схаста, уымӕн ӕмӕ ӕлгъыстӕй тарстысты.


Уӕд ын чидӕр афтӕ бакодта: «Дӕ фыд адӕмӕн загъта, ӕлгъыст, дам, фӕуӕд, ацы бон къӕбӕр чи сахода, уый. Ӕмӕ адӕм бастадысты».


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ