23 Йесо сын дзуапп радта: «Цӕхдоны Мемӕ йӕ къӕбӕр чи атылдта, уый Мӕ ауӕй кӕндзӕн.
Дунедарӕг мын боныгон равдисы Йӕ хорзӕх, ӕмӕ ме ’хсӕвы зарӕг вӕййы Ууыл — мӕ царддӕттӕг Хуыцауыл.
Зивӕггӕнаг хӕринаджы тӕбӕгъы йӕ къух нытътъыссы, фӕлӕ йӕ дзыхмӕ схӕссын зивӕг кӕны.
Уыдон тынг ӕрӕнкъард сты ӕмӕ Йӕ радыгай фӕрсын райдыдтой: «Уый, мыййаг, ӕз уыдзынӕн, Хицау?»
Фӕлӕ мӕнӕ Мӕ уӕйгӕнӕг Мемӕ иу фынгыл бады.
Уе ’ппӕты тыххӕй нӕ зӕгъын. Ӕз, кӕй равзӕрстон, уыдоны зонын. Фӕлӕ хъуамӕ сӕххӕст уа, Сыгъдӕг Фысты цы загъд ис, уый: „Мемӕ къӕбӕр чи хордта, уый рацыди Мӕ ныхмӕ“.