22 Уыдон тынг ӕрӕнкъард сты ӕмӕ Йӕ радыгай фӕрсын райдыдтой: «Уый, мыййаг, ӕз уыдзынӕн, Хицау?»
Куы хордтой, уӕд Йесо загъта: «Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: уӕ иу Мыл гадзрахатӕй рацӕудзӕн».
Йесо сын дзуапп радта: «Цӕхдоны Мемӕ йӕ къӕбӕр чи атылдта, уый Мӕ ауӕй кӕндзӕн.
Уӕд ахуыргӕнинӕгтӕ райдыдтой кӕрӕдзийы фӕрсын, Йӕ уӕйгӕнӕг чи уыдзӕни, зӕгъгӕ.
Ӕртыккаг хатт ӕй бафарста: «Иоанны фырт Симон, уарзыс Мӕ?» Ӕмӕ йӕ ӕртыккаг хатт, уарзыс Мӕ, зӕгъгӕ, кӕй бафарста, уый тыххӕй Петр фенкъард ис ӕмӕ Йын дзуапп радта: «Бардарӕг, Ды алцыдӕр зоныс. Ды зоныс, ӕз Дӕ кӕй уарзын, уый». Йесо йын загъта: «Хиз Мын Мӕ фысты.
Уӕдӕ алы адӕймаг дӕр ныккӕсӕд йӕ зӕрдӕмӕ ӕмӕ уый фӕстӕ хӕрӕд ацы дзулӕй ӕмӕ нуазӕд ацы сӕнӕй.