43 уыдтӕн бӕлццон, ӕмӕ Мӕ не суазӕг кодтат; уыдтӕн бӕгънӕг, ӕмӕ Мыл дарӕс не скодтат; уыдтӕн рынчын ӕмӕ ахӕст, ӕмӕ Мыл нӕ батыхстыстут“.
Дарӕсхъуаг чи уыд ӕмӕ уазалӕй чи мард, уыцы мӕгуырмӕ кӕд искуы уазалцӕстӕй кастӕн,
Мӕ адӕмы Мын цы фыййӕуттӕ хизынц, уыдоны тыххӕй Дунедарӕг, Израилы Хуыцау, афтӕ зӕгъы: Мӕ фысты Мын ныххӕлиу кодтат, алырдӕмты сӕ фӕсырдтат, нӕ сыл аудыдтат, ӕмӕ уӕ Ӕз уӕ фыдракӕндты тыххӕй бафхӕрдзынӕн, — зӕгъы Дунедарӕг. —
Адӕм дӕр ӕфхӕрынц кӕрӕдзи, стигъынц ӕмӕ тухӕнӕй марынц мӕгуыр ӕмӕ гӕвзыччы, ӕнӕхъуаджы ӕфхӕрынц ӕрцӕуӕггаджы.
уыдтӕн бӕгънӕг, ӕмӕ Мыл дарӕс скодтат; уыдтӕн рынчын, ӕмӕ Мыл батыхстыстут; уыдтӕн ахӕстоны, ӕмӕ Мӕ бабӕрӕг кодтат“.
Уымӕн ӕмӕ Ӕз уыдтӕн стонг, ӕмӕ Мӕ нӕ бафсӕстат; уыди Мын дойны, ӕмӕ Мын дон нӕ радтат;
Уӕд Ӕй уыдон дӕр фӕрсдзысты: „Бардарӕг, кӕд Дӕ федтам стонгӕй, кӕнӕ Дын дойны кӕд уыди? Кӕд Дӕ федтам бӕлццонӕй кӕнӕ бӕгънӕгӕй, рынчынӕй кӕнӕ ахӕстӕй ӕмӕ Дын кӕд нӕ балӕггад кодтам?“
Цасдӕр рӕстӕджы фӕстӕ Павел загъта Варнавӕйӕн: «Ацӕуӕм ӕмӕ, Бардарӕджы ныхас кӕдӕм ӕрхастам, ӕппӕт уыцы сахарты бабӕрӕг кӕнӕм не ’фсымӕрты, куыд цӕрынц, уый фенӕм».
Уазӕгуарзон кӕй хъуамӕ уат, уый уӕ рох ма уӕд. Уазӕгуарзон кӕй уыдысты, уымӕ гӕсгӕ иуӕй-иутӕ, кӕй уазӕг кӕнынц, уый нӕ зонгӕйӕ, суазӕг кодтой зӕдты.
Ма рох кӕнут ахӕстыты, цыма уӕхӕдӕг дӕр семӕ ахӕстоны стут, уыйау. Уӕ зӕрдыл дарут, тухӕнтӕ чи ӕвзары, уыдоны — гӕнӕн ис, ӕмӕ уӕхи дӕр бахъӕуа тухӕнтӕ ӕвзарын.
Ӕмӕ Гевӕйы ’рдӕм фӕзылдысты, цӕмӕй уым ӕхсӕвиуат бакӕной. Сахары фӕзы ӕрбадтысты, фӕлӕ сӕ йӕ хӕдзармӕ ӕхсӕвиуат бакӕнынмӕ ничи хуыдта.