35 Уымӕн ӕмӕ Ӕз уыдтӕн стонг, ӕмӕ Мӕ бафсӕстат; дойны Мын уыди, ӕмӕ Мын дон радтат; уыдтӕн бӕлццон, ӕмӕ Мӕ суазӕг кодтат;
Ус куы фӕцӕйуад, уӕд ма йӕ фӕстӕ адзырдта: «Иу дзулы къӕбӕр дӕр ма мын-иу райс демӕ».
Фӕндаггон-иу ӕхсӕвыгон уынджы нӕ баззад, мӕ дуар ын кӕддӕриддӕр гом уыд.
Йӕ хионмӕ ’лгъаджы цӕстӕй чи кӕсы, уый тӕригъӕд ми кӕны, мӕгуыр лӕгӕн ӕххуыс чи кӕны, уый — тӕхудиаг.
Мӕгуыр лӕджы чи хъыгдары, уый йын йе Сфӕлдисӕджы ’фхӕры, кад Ын чи кӕны, уый мӕгуыртыл ауды.
Мӕгуыр лӕгӕн чи ӕххуыс кӕны, уый Дунедарӕгӕн ӕфстау дӕтты, йӕ хорздзинад ын Дунедарӕг бафиддзӕн.
Хӕларзӕрдӕ адӕймаг арфӕгонд уыдзӕн, уымӕн ӕмӕ йӕ къӕбӕрӕй мӕгуыр лӕгӕн хай ратты.
Кӕд де знаг ӕххормаг у, уӕд ын дзул ратт, кӕд дойныйӕ мӕлы, уӕд ӕй донӕй бафсад.
никӕй ӕфхӕры, цъынды никӕмӕй исы ӕмӕ никӕй стигъы, йӕ къӕбӕрӕй бахай кӕны ӕххормагӕн ӕмӕ дарӕс ратты бӕгънӕгӕн,
чи никӕй ӕфхӕры, йӕ хӕсджынӕн йӕ цъынды фӕстӕмӕ чи ратты, чи никӕй стигъы, йӕ къӕбӕрӕй ӕххормагӕн чи бахай кӕны ӕмӕ бӕгънӕгыл дарӕс чи скӕны,
ӕмӕ загъта: „О стыр Вавилон! Мӕ хъомысӕй, мӕхи кадӕн дӕ мӕ паддзахады сӕйраг сахар скодтон!“
О адӕймаг! Хорздзинад цы у ӕмӕ дӕ Дунедарӕг цы домы, уый дын загъдӕуыди: рӕстдзинады фӕдыл цу, адӕмӕн хорздзинад ӕвгъау ма кӕн, сӕрныллӕгӕй цӕр дӕ Хуыцауы раз.
Ӕмӕ сын Паддзах дзуапп ратдзӕн: „Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: Мӕ ацы кӕстӕр ӕфсымӕртӕй иуӕн цы сарӕзтат, уый Мӕнӕн сарӕзтат“.
Уымӕн ӕмӕ мӕгуыртӕ ӕдзух уӕ фарсмӕ сты, Ӕз та ӕдзух уемӕ нӕ уыдзынӕн.
Мӕгуыртӕ ӕдзух уӕ фарсмӕ сты, ӕмӕ уӕ кӕд бафӕнда, уӕд-иу сын баххуыс кӕнут, Ӕз та ӕдзух уемӕ нӕ уыдзынӕн.
Уӕ тӕбӕгъы цы ис, уымӕй искӕмӕн куы фӕхай кӕнат, уӕд уын алцыдӕр уыдзӕни сыгъдӕг.
Ӕхцайы лагъз Иудӕмӕ кӕй уыди, уымӕ гӕсгӕ иуӕй-иутӕ ӕнхъӕлдтой, ӕмӕ йын Йесо, бӕрӕгбонмӕ сӕ цы хъӕуы, уый ӕлхӕнын кӕнӕ та мӕгуыртӕн исты раттын кӕны.
ӕмӕ мын загъта: „Корнелий, дӕ куывд дын фехъуыстӕуыд, дӕ хорз хъуыддӕгтӕ нӕ ферох сты Хуыцауӕй.
Уӕд ахуыргӕнинӕгтӕ баныхас кодтой, кӕмӕн куыд йӕ бон у, афтӕ се ’ххуысы хай Иудейы цӕрӕг ӕфсымӕртӕн арвитыны тыххӕй.
Йӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ йӕ хӕдзаронтӕ дӕр донаргъуыд куы райстой, уӕд нӕм ӕрхатыд: «Кӕд мӕ, Бардарӕгыл иузӕрдион чи у, ахӕмыл нымайут, уым рацӕут мӕ хӕдзармӕ ӕмӕ цӕрут мӕнмӕ». Ӕмӕ нӕ сразы кодта.
Цы бирӕ адӕм баууӕндыд, уыдон ӕмзӕрдӕ ӕмӕ ӕмуд уыдысты. Мӕ мулк мӕхи у, зӕгъгӕ, ахӕм хъуыды сӕ никӕмӕ уыдис, алцыдӕр сын иумӕйаг уыди.
Цы уӕм ис, уымӕй хай кӕнут уе ’мдин ӕфсымӕртӕн, исты хъуаг куы уой, уӕд; уазӕгыл уӕхи ма тигъ кӕнут.
Уӕдӕ «кӕд де знаг ӕххормаг у, уӕд ӕй бафсад; кӕд ын дойны у, уӕд ын дон ратт. Афтӕ куы кӕнай, уӕд ӕй ӕфсармы баппардзынӕ».
Салам уын ӕрвиты мӕ фысым, ӕппӕт аргъуан кӕй хӕдзары ӕрӕмбырд вӕййы, уыцы Гайос. Саламтӕ уын сахары ӕхцафснайӕг Эрастӕй ӕмӕ не ’фсымӕр Квартӕй.
Чи давта, уый мауал давӕд, уый бӕсты кусӕд, йӕхи къухтӕй пайдайаг хъуыддӕгтӕ кӕнӕд, ӕмӕ йӕм уа, хъуаг чи ӕййафы, уымӕ фӕкӕсыны фаг дӕр.
Алчидӕр сӕ хъуамӕ зындгонд уа йӕ хорз хъуыддӕгтӕй: схъомыл кодта сывӕллӕттӕ, бӕлццӕттӕн уыд фысым, сыгъдӕджытӕн ӕхсадта сӕ къӕхтӕ, ӕххуыс кодта иннӕтӕн сӕ зынты — алы хорз хъуыддагмӕ дӕр у ӕмхиц.
Дӕ уарзт нын ӕрхаста стыр цин ӕмӕ нӕ ныфс бауагъта, уымӕн ӕмӕ дӕ фӕрцы, ме ’фсымӕр, срухс сты сыгъдӕджыты зӕрдӕтӕ.
Рохуаты ма ныууадзут хорзы цӕуын дӕр, цы уӕм ис, уымӕй иннӕтӕн хай кӕнын — ахӕм нывӕндтӕ Хуыцауӕн ӕхцон сты.
Уымӕн ӕмӕ Хуыцау раст у, ӕмӕ Дзы нӕ ферох уыдзысты уӕ хъуыддӕгтӕ дӕр ӕмӕ, сыгъдӕджытӕн цы лӕггад бакодтат ӕмӕ кӕнут, уыцы лӕггадӕй Йӕм цы уарзондзинад равдыстат, уый дӕр.
Сидзӕрты, идӕдзты сӕ зынты барӕвдауын, а дунейы чъизитӕй хи бахизын, — уый у Фыд Хуыцауы раз сыгъдӕг ӕмӕ ӕнӕфау уырнындзинад.