18 Иу талант чи райста, уый та ацыди, уӕрм скъахта ӕмӕ дзы йӕ хицауы ӕвзист баныгӕдта.
Фыдӕвзаджы ныхӕстӕ адджинаджы хуызӕн адӕймагӕн йӕ хуылфмӕ бахизынц.
Фӕлтау сымахӕй исчи Кувӕндоны дуӕрттӕ куы сӕхгӕнид, цӕмӕй Мын Мӕ нывондхӕссӕныл арт дзӕгъӕлы мауал судзат. Мӕ зӕрдӕ уӕ нӕ райы, уӕ нывӕндтӕ уын нӕ айсдзынӕн, — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг.
Дыууӕ таланты чи райста, уый дӕр ма бакуыста дыууӕ таланты.
Бирӕ рӕстӕджы фӕстӕ ӕрыздӕхти уыцы цагъарты хицау ӕмӕ сӕ дзуапп ӕрдомдта.
Ӕрбацыд ӕртыккаг ӕмӕ загъта: „Хицау, мӕнӕ дӕ минӕ, хӕцъилы тыхтӕй йӕ фӕдардтон.
Зивӕг уыл ма фӕтых уӕд, фӕлӕ фӕзмут, уырнындзинад ӕмӕ бирӕбыхсты руаджы, Хуыцау зӕрдӕ цӕмӕй бавӕры, уый исбонӕн чи райсы, уыдоны.
Кӕд сымах уыцы миниуджытӕй хайджын стут ӕмӕ уӕм фылдӕр кӕнынц, уӕд уыдоны фӕрцы уыдзыстут ӕнтыстджын ӕмӕ базондзыстут нӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийы.