50 уӕд уыцы цагъарӕн йӕ хицау, цы бон ӕм не ’нхъӕлмӕ кӕса, уыцы бон ӕмӕ, ӕнхъӕл кӕд нӕ уа, уыцы сахат фӕзындзӕнис,
Уайдзӕфтӕм хъусгӕйӕ, йӕхи чи схъӕхъхъаг кӕны, уымӕн ӕвиппайды йе сӕфт ӕрцӕудзӕн, ӕмӕ йын ницыуал баххуыс кӕндзӕн.
ӕмӕ уыйадыл йе ’мбӕлтты нӕмын, расыггӕнджытимӕ цӕл кӕнын ӕмӕ нуазын куы райдайа,
ӕгъатырӕй йӕ бафхӕрдзӕн ӕмӕ йын дыдзӕсгӕмтты хал ахӕрын кӕндзӕн. Се ’хсӕнӕй ма йӕ кӕуын ӕмӕ йӕ дӕндӕгты хъыс-хъыс хъуысдзӕни.
уӕд уыцы цагъарӕн йӕ хицау, ӕнхъӕл кӕд нӕ уа, уыцы бон ӕмӕ уыцы сахат фӕзындзӕн, тынг ӕй бафхӕрдзӕн ӕмӕ йӕ уӕдӕй фӕстӕмӕ йе ’ууӕнчы аккаг нал скӕндзӕн.
Уӕдӕ дӕ цӕуыл сахуыр кодтой ӕмӕ цы фехъуыстай, уый ӕрымыс, цӕр уымӕ гӕсгӕ ӕмӕ ӕрфӕсмон кӕн. Куынӕ райхъал уай, уӕд дӕм Ӕз ӕрцӕудзынӕн хуыснӕгау, ӕмӕ Мын ды Ме ’рцыды сахат нӕ базондзынӕ.