31 Афтӕмӕй уӕхи ныхмӕ ӕвдисӕн лӕуут — пехуымпарты чи мардта, уыдонӕн сӕ байзӕддӕгтӕ кӕй стут.
Ды ’рсабыр кӕныс денджызы уылӕнтӕ, змӕнтӕг адӕмты.
Пехуымпарты тӕригъӕдтӕ, сауджынты фыдракӕндтӕ — рӕстгӕнджыты туг сахары кӕй калдтой, о, ахӕм хуызы бафыстӕуыд ныр!
ӕмӕ фӕзӕгъут: „Нӕ фыдӕлты заманы куы цардаиккам, уӕд мах пехуымпарты тугныккалды аххосджын нӕ уыдаиккам“.
Уӕдӕ бафтаут уӕ фыдӕлты азымыл.
Ӕрбайхъусут-ма! Мӕнӕ уӕм Ӕз ӕрвитын пехуымпарты, куырыхон адӕймӕгты ӕмӕ динамонджыты, ӕмӕ дзы сымах иуты амардзыстут ӕмӕ байтындздзыстут, иннӕты уӕ синагогӕты ехсӕй нӕмдзыстут ӕмӕ сӕ иу сахарӕй иннӕмӕ тӕрдзыстут.
Йерусалим, Йерусалим, пехуымпарты цӕгъдӕг ӕмӕ, кӕй йӕм ӕрвитынц, уыдоны дуртӕй марӕг! Цал хатты хъавыдтӕн, маргъ йӕ лӕппынты йӕ базырты бын куыд бакӕны, афтӕ дын дӕ хъӕбулты ӕрбамбырд кӕнын, фӕлӕ сымах нӕ бафӕндыди!
Хицау ын загъта: „Дӕхи дзыхӕй дын тӕрхон кӕндзынӕн, ӕвзӕр цагъар! Ӕз карз лӕг кӕй дӕн ӕмӕ, цы нӕ нывӕрдтон, уый кӕй исын, цы нӕ байтыдтон, уый кӕй кӕрдын, уыдӕттӕ куы зыдтай,
Йешуа адӕмӕн загъта: «Дунедарӕджы кӕй равзӕрстат ӕмӕ Йын лӕггад кӕй кӕндзыстут, уымӕн ӕвдисӕн лӕуут уӕхӕдӕг уӕхицӕн?» Адӕм дзуапп радтой: «Лӕууӕм ӕвдисӕн».