28 Афтӕ сымах дӕр: уе ’ддаг бакастӕй адӕммӕ рӕстгӕнджытӕ зынут, мидӕгӕй та цӕстмӕми ӕмӕ тӕригъӕдӕй йедзаг стут.
Уарзыс ды, сӕфтмӕ чи кӕны, ахӕм ныхӕстӕ, мӕнгард ӕвзаг дын у ӕхцон.
Йе ’нӕуынондзинад цурон митӕй ӕмбӕхсы, фӕлӕ уӕддӕр йӕ хӕрам адӕмы раз раргом уыдзӕн.
Сар уӕ сӕр, динамонджытӕ ӕмӕ фарисейтӕ, дыдзӕсгӕмттӕ! Сымах чъырӕйцагъд зӕппӕдзты хуызӕн стут — уыдон ӕддейӕ рӕсугъд зынынц, мидӕгӕй та йедзаг сты мӕрдты стджытӕ ӕмӕ алы чъизитӕй.
Сар уӕ сӕр, динамонджытӕ ӕмӕ фарисейтӕ, дыдзӕсгӕмттӕ! Пехуымпартӕн аразут зӕппӕдзтӕ, сфӕлындут рӕстгӕнджыты цыртытӕ
Сӕ алы хъуыддаг дӕр адӕмы цӕстмӕ кӕнынц. Сӕ чырвӕзтӕ аразынц уӕрӕхдӕр, сӕ дарӕсы хаутӕ та — даргъдӕр;
Йесо сын загъта: «Адӕмы раз уӕхи рӕстгӕнджытӕй ӕвдисут, фӕлӕ уын Хуыцау уӕ зӕрдӕтӕ зоны. Уымӕн ӕмӕ, адӕммӕ кадджын цы у, уый Хуыцауы цӕсты ӕлгъаг у.
Йемӕ цӕстмӕмитӕ кодтой иннӕ иудейӕгтӕ дӕр, суанг ма сӕ Варнавӕ дӕр бафӕзмыдта.
Фӕлӕ Дунедарӕг Самуелӕн загъта: «Йӕ уынд ӕмӕ йын йӕ асмӕ ма кӕс, ауыл атигъ кодтон Мӕхи. Уымӕн ӕмӕ Хуыцау адӕймаджы цӕстӕй нӕ кӕсы. Адӕймаг йӕ цӕстӕй цы уыны, уымӕ кӕсы, Дунедарӕг та — зӕрдӕмӕ».