31 Мӕрдты райгасы тыххӕй уын Хуыцау цы загъта, уый нӕ бакастыстут, ӕви:
Йесо сын дзуапп радта: «Давид, йӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ йе ’мбӕлттӕ дӕр куы сыстонг сты, уӕд цы бакодта, уый тыххӕй нӕ кастыстут, ӕви?
„Нывонд Мӕ нӕ хъӕуы, фӕлӕ уарзӕгой зӕрдӕ“ — ацы ныхасӕн йӕ мидис куы ӕмбариккат, уӕд ӕназымты зылынджын нӕ кодтаиккат.
ӕмӕ Йын загътой: «Хъусыс, цытӕ дзурынц?» Йесо сын дзуапп радта: «Хъусын! Ау, ацы ныхӕстӕ никуы бакастыстут: „Чысыл сабитӕ ӕмӕ дзидзидайтӕн сыстауын кодтай Дӕхи“?»
Йесо сын загъта: «Ау, никуы бакастыстут Сыгъдӕг Фысты: „Аразджытӕ цы дурыл нӕ барвӕссыдысты, уый сси фисыны сӕйраг дур. Уый Хуыцау сарӕзта, ӕмӕ уыцы диссаг мах нӕ цӕстӕй уынӕм“?
Уымӕн ӕмӕ мӕрдты райгасы фӕстӕ адӕм нӕдӕр ус курдзысты, нӕдӕр мой кӕндзысты, фӕлӕ уыдзысты уӕларвон зӕдты хуызӕн.
„Ӕз дӕн Авраамы Хуыцау, Исаакы Хуыцау ӕмӕ Йаковы Хуыцау“? Хуыцау мӕрдты Хуыцау нӕу, удӕгӕсты Хуыцау у».
Ацӕут ӕмӕ базонут, мӕнӕ ацы ныхӕстӕ цы амонынц, уый: „Нывонд Мӕ нӕ хъӕуы, фӕлӕ уарзӕгой зӕрдӕ“. Ӕз ӕрцыдтӕн рӕстгӕнджытӕм нӕ, фӕлӕ тӕригъӕдджынтӕм фӕсидынмӕ».