12 ӕмӕ йӕ бафарста: „Мӕ хӕлар, ӕнӕ бӕрӕгбоны дарӕсӕй ардӕм куыд ӕрбацыдтӕ?“ Уый ныхъхъус ис.
Уымӕн нӕу мӕгуыр лӕг ӕнӕныфс, уымӕн ӕрцӕуы ӕхгӕд мӕнгард ком.
Куыд у дӕ бон афтӕ дзурын: «Сыгъдӕг дӕн ӕз, Баалты фӕдыл нӕ цыдтӕн!» Тъӕпӕны куыд цардтӕ, уый-ма ӕрымыс, цытӕ фӕкодтай, уыдӕттӕ ӕрӕмбар! Ӕвзонг сыл теуайау дыууӕрдӕм кодтай ӕдзухдӕр!
Хуыснӕджы давгӕйӕ куыд ӕрцахстой, уыйау ныр фӕхудинаг ис Израил — йӕ адӕм, йӕ паддзӕхтӕ, йе ’лдӕрттӕ, йӕ сауджынтӕ ӕмӕ йӕ пехуымпартӕ.
Уӕд дзы уый иуӕн загъта: „Ӕз, мӕ лымӕн, дӕ хъыджы ницӕмӕй бацыдтӕн. Иу динарыл нӕ баныхас кодтай мемӕ?
Йесо йын загъта: «Ам дӕ, Мӕ хӕлар?» Уӕд адӕм Йесомӕ фӕлӕбурдтой ӕмӕ Йӕ ӕрцахстой.
Зӕгъын уын: уӕ рӕстад динамонджытӕ ӕмӕ фарисейты рӕстадӕй уӕлдӕр куынӕ уа, уӕд Уӕларвон Паддзахадмӕ нӕ бацӕудзыстут.
Фӕлӕ мах зонӕм: Ӕгъдау цыдӕриддӕр зӕгъы, уый, йӕ дӕлбар чи ис, уыцы адӕмӕн зӕгъы, цӕмӕй йӕхи сраст кӕнын йӕ бон макӕмӕн уа ӕмӕ ӕгас дуне азымджын уа Хуыцауы раз.
Уӕдӕ афонӕй раздӕр тӕрхон ма кӕнут, цалынмӕ Бардарӕг ӕрцӕуа, уӕдмӕ — Уый хурмӕ рахӕсдзӕни талынджы ӕмбӕхст хъуыддӕгтӕ, раргом кӕндзӕни зӕрдӕйы фӕндтӕ, ӕмӕ уӕд Хуыцауӕй алчидӕр райсдзӕн йӕ хӕрзиуӕг.
Ӕмӕ зон, ахӕм адӕймаг кӕй фехӕлд ӕмӕ тӕригъӕды кӕй бафтыд ӕмӕ уымӕй йӕхӕдӕг йӕхицӕн тӕрхон кӕй рахаста, уый.
Иузӕрдионты фӕндаг Йӕ фӕдзӕхст у, фыдгӕнджытӕ та фесӕфдзысты тары, уымӕн ӕмӕ лӕгӕн йӕхи хъомыс ницы у.