46 Ӕрцахсынмӕ Йӕ хъавыдысты, фӕлӕ адӕмӕй нӕ бауӕндыдысты, уымӕн ӕмӕ Йӕ адӕм пехуымпарыл нымадтой.
Ӕдзӕсгом уайдзӕфтӕ нӕ уарзы, куырыхонтӕм хӕстӕг нӕ цӕуы.
«Додой дӕ къона, Ариел, Давид кӕм цардис, уыцы сахар! Рӕстӕг рацӕудзӕн, афӕдзы фӕдыл афӕдз, бӕрӕгбӕттӕ кӕрӕдзийы ивдзысты.
Йӕ фӕдыл цы адӕм цыди, уыдон та дзырдтой: «Уый пехуымпар Йесо у, галилейаг Назаретӕй».
„Адӕмӕй“ куы зӕгъӕм, уӕд та нын адӕмӕй тӕссаг у, уымӕн ӕмӕ се ’ппӕт дӕр Иоанны пехуымпарыл нымайынц».
Алчертӕ ӕмӕ фарисейтӕ Йесойы фӕсномыг ныхӕстӕ куы фехъуыстой, уӕд бамбӕрстой, уыдоны кой кӕй кодта, уый.
Йесо сын фӕсномыг ныхӕстӕй дзырдта дарддӕр:
Алчертӕ ӕмӕ динамонджытӕ уый фехъуыстой ӕмӕ агуырдтой Йӕ амарыны фадат. Уымӕн ӕмӕ Йӕ ахуырад ӕппӕт адӕмы дисы ӕфтыдта, ӕмӕ Дзы тарстысты.
Адӕмы зӕрдӕты тас бацыд, ӕмӕ кад кодтой Хуыцауӕн: «Стыр пехуымпар фӕзынди не ’хсӕн, ӕмӕ Хуыцау ӕркасти Йӕ адӕммӕ».
Йесойы фысым, фарисей, уый куы федта, уӕд ахъуыды кодта: «Ай ӕцӕгдӕр пехуымпар куы уаид, уӕд ӕй зонид, цавӕр сылгоймаг Ӕм ӕвналы, уый, уымӕн ӕмӕ ацы сылгоймаг тынг тӕригъӕдджын у».
Уыдон Ӕй хъавыдысты ӕрцахсынмӕ, фӕлӕ Йӕм никӕй къух баххӕссыди, уымӕн ӕмӕ Йӕ рӕстӕг нӕма ӕрцыд.
Сымахӕй йе сӕфт уынын дунейӕн йӕ бон нӕу, Мӕнӕй та йе сӕфт уыны, уымӕн ӕмӕ Ӕз дӕн ӕвдисӕн, йӕ хъуыддӕгтӕ хӕрам кӕй сты, уымӕн.
Израилӕгтӕ, байхъусут, Назаретаг Йесойы тыххӕй уын цы зӕгъдзынӕн, уымӕ: Хуыцау Ӕй кӕй рарвыста, ууыл дзурӕг сты, уӕ цӕстыты раз Хуыцау Йӕ фӕрцы цы стыр хъуыддӕгтӕ, диссӕгтӕ ӕмӕ ӕвдисӕйнӕгтӕ равдыста, уыдон.