Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Матфей 21:33 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

33 Байхъусут ӕндӕр фӕсномыг ныхасмӕ дӕр. Бирӕ зӕххытӕ кӕмӕ уыди, иу ахӕм лӕг сӕндон скодта, йӕ алыварс ын ӕмбонд сарӕзта, сӕндуцӕн дзы скъахта, мӕсыг дзы самадта, стӕй йӕ бакодта ӕххуырст кусджыты бар ӕмӕ йӕхӕдӕг балцы ацыди.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Матфей 21:33
23 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Миха загъта: «Байхъус-ма, Дунедарӕг дӕу тыххӕй цы зӕгъы, уымӕ! Ӕз федтон Дунедарӕджы Йӕ паддзахы бадӕны бадгӕ. Йӕ уӕларвон ӕфсад иууылдӕр Йӕ рахиз ӕмӕ Йӕ галиуфарс лӕууыдысты.


Ӕрбайхъусут Дунедарӕгмӕ, Содомы ӕлдӕрттӕ! Уӕ хъус ӕрдарут нӕ Хуыцауы Ӕгъдаумӕ, Гоморрӕйы адӕм!


«Иудейы паддзӕхтӕ ӕмӕ Йерусалимы цӕрджытӕ, байхъусут Дунедарӕджы ныхасмӕ!» Уӕларвӕфсады Бардарӕг, Израилы Хуыцау, афтӕ зӕгъы: «Ӕз ацы зӕххыл ахӕм бӕллӕх ӕруадздзынӕн, ӕмӕ, йӕ кой чидӕриддӕр фехъуса, уыдонӕн фыр дисӕй сӕ хъустӕ ныззӕлланг кӕндзысты.


Хуыздӕр сӕнӕфсирау, ӕвзӕрст нӕмыгау дӕ ныссагътон, ды та Мын фестадтӕ ӕцӕгӕлон, сӕнӕфсиры хъӕддаг тала!


Байхъусут Дунедарӕджы ныхасмӕ, израилӕгтӕ! Уый ацы бӕстӕйы цӕрджытӕн тӕрхон кӕны, уымӕн ӕмӕ сӕ зӕххыл нал ис рӕстдзинад ӕмӕ хӕлардзинад, ничиуал зоны Хуыцауы.


Уӕдӕ байхъусут, хортауӕджы ӕмбисонд цы амоны, уымӕ.


Уымӕн ӕмӕ Уӕларвон Паддзахад абарӕн ис, райсомӕй раджы йӕ сӕндонмӕ зилынӕн кусджытӕ баххуырсынмӕ чи рацыди, уыцы хицауимӕ.


Мӕнӕ ацы хабар та уӕм куыд кӕсы? Иу лӕгӕн уыди дыууӕ фырты. Лӕг бацыди сӕ иумӕ ӕмӕ йын загъта: „Лӕппу, ацу ӕмӕ абон сӕндоны бакус“.


«Моисейы бадӕны ӕрбадтысты динамонджытӕ ӕмӕ фарисейтӕ.


Цӕвиттон, иу лӕг цыди балцы ӕмӕ йӕ хӕдзар йӕ цагъарты бар ныууагъта, алкӕмӕн дӕр дзы бӕлвырд хъуыддаг бахӕс кодта ӕмӕ дуаргӕсӕн бафӕдзӕхста, цӕмӕй къӕрцхъус уа.


Йесо загъта: «Иу лӕг, уӕздан мыггагӕй, дард бӕстӕм цӕуинаг уыди, цӕмӕй уым паддзахы бартӕ райстаид ӕмӕ фӕстӕмӕ ӕрыздӕхтаид.


Ӕз дӕн ӕцӕг сӕнӕфсиры Тала, Мӕ Фыд та — сӕнӕфсирмӕ Зилӕг.


Дунедарӕг, дӕ Хуыцау, дын кӕй дӕтты, ӕппӕт уыцы сахарты дӕ мыггӕгтӕн тӕрхонгӕнджытӕ ӕмӕ уагдартӕ сӕвӕр, адӕмӕн раст тӕрхон куыд кӕной, афтӕ.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ