Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Матфей 20:20 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

20 Уӕд Ӕм бацыди Зеведейы ус йӕ фырттимӕ, ӕрзоныг кодта Йӕ разы ӕмӕ Йӕм хатыди цӕйдӕр тыххӕй.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Матфей 20:20
10 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Мӕнӕ уыцы дыууадӕс апостолы нӕмттӕ: фыццаг — фӕсномыгӕй Петр кӕй хуыдтой, уыцы Симон, ӕмӕ йе ’фсымӕр Андрей, Зеведейы фырт Йаков ӕмӕ йе ’фсымӕр Иоанн,


Бӕлӕгъы чи уыди, уыдон ӕрзоныг кодтой Йесойы раз ӕмӕ Йын загътой: «Ды ӕцӕгдӕр Хуыцауы Фырт дӕ».


Фӕлӕ Йӕм сылгоймаг бацыди, ӕрзоныг кодта Йӕ разы ӕмӕ Йын загъта: «Хицау, баххуыс мын кӕн».


Ӕмӕ хӕдзармӕ куы бацыдысты, уӕд дзы федтой Сывӕллоны, Йӕ мад Мариаимӕ; сӕ зонгуытыл ӕрхаудысты ӕмӕ Йын бакуывтой. Уый фӕстӕ систой сӕ хӕзнатӕ ӕмӕ Йын Йӕ размӕ бахастой сӕ лӕвӕрттӕ: сыгъзӕрин, буд ӕмӕ смирнӕ.


Се ’хсӕн — магдалӕйаг Мариа, Йаков ӕмӕ Йосефы мад Мариа, стӕй Зеведейы фыртты мад.


ӕмӕ Йӕ куы федтой, уӕд Йӕ разы сӕ зонгуытыл ӕрхаудтой. Фӕлӕ дзы иуӕй-иутӕ уӕддӕр гуырысхо кодтой.


Йесо уырдыгӕй куы рацӕйцыди, уӕд федта ӕндӕр дыууӕ ӕфсымӕры — Зеведейы фырттӕ Йаков ӕмӕ Иоанны: сӕ фыдимӕ бӕлӕгъы сӕ хызтӕ ӕмпъызтой. Йесо сӕм фӕсидти.


Иу хъотырджын Ӕм ӕрбацыд, ӕрзоныг кодта Йӕ разы ӕмӕ Йын загъта: «Хицау, ӕрмӕст Дӕ бафӕндӕд, ӕндӕр мӕ сдзӕбӕх кӕндзынӕ».


Уым уыди сылгоймӕгтӕ дӕр ӕмӕ кастысты дардӕй: се ’хсӕн — магдалӕйаг Мариа, Иосет ӕмӕ кӕстӕр Йаковы мад Мариа, стӕй Саломи.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ