Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Матфей 17:12 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

12 Фӕлӕ уын зӕгъын: Илийа ныридӕгӕн ӕрцыди, фӕлӕ йӕ нӕ базыдтой ӕмӕ йын, цы сӕ бафӕндыд, уый бакодтой. Афтӕ уыдон хъизӕмӕрттӕ бавзарын кӕндзысты Адӕймаджы Фыртӕн дӕр».

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Матфей 17:12
25 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Иоанн ахӕстоны, Чырысти цы хъуыддӕгтӕ аразы, уыдоны кой куы фехъуыста, уӕд Ӕм йӕ ахуыргӕнинӕгты арвыста бафӕрсынмӕ:


Уӕдӕй фӕстӕмӕ Йесо Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн ӕмбарын кӕнын райдыдта: хъуамӕ ацӕуа Йерусалиммӕ ӕмӕ уым адӕмы хистӕртӕ, алчертӕ ӕмӕ динамонджыты къухӕй бирӕ хъизӕмӕрттӕ бавзара; амардзысты йӕ, ӕмӕ ӕртыккаг бон райгас уыдзӕни.


Йесо сын дзуапп радта: «Раст у, Илийа хъуамӕ ӕрцӕуа ӕмӕ ӕппӕт дӕр банывыл кӕна.


Уӕд ахуыргӕнинӕгтӕ бамбӕрстой, Аргъауӕг Иоанны кой сын кӕй кӕны, уый.


Йесо ӕмӕ Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ Галилейы куы ӕрӕмбырд сты, уӕд сын Йесо загъта: «Адӕймаджы Фырты ратдзысты адӕмы къухтӕм,


Хохӕй куы ӕрцӕйцыдысты, уӕд сӕ Йесо бафӕдзӕхста: «Цалынмӕ Адӕймаджы Фырт мӕрдтӕй райгас уа, уӕдмӕ, цы федтат, уый макӕмӕн дзурут».


Уымӕн ӕмӕ Иоанн ӕрцыди, цӕмӕй уын раст фӕндаг бацамона, ӕмӕ йыл нӕ баууӕндыдыстут, хъалонисджытӕ ӕмӕ йыл хъахбайтӕ та баууӕндыдысты. Сымах уый федтат, фӕлӕ уӕддӕр не ’рфӕсмон кодтат ӕмӕ йыл нӕ баууӕндыдыстут.


Йесо йын дзуапп радта: «Рувӕстӕн ис хуыккӕмттӕ, уӕларвон мӕргътӕн — ахстӕттӕ. Адӕймаджы Фыртӕн та, Йӕ сӕр кӕм ӕркъул кӕна, уый дӕр нӕй».


Уымӕн ӕмӕ ӕрцыд Аргъауӕг Иоанн, дзул дӕр нӕ хӕры, сӕн дӕр нӕ нуазы, ӕмӕ дзы зӕгъут: „Хӕйрӕджджын у“.


Ӕрцыд йӕхионтӕм, ӕмӕ Йӕ йӕхионтӕ нӕ айстой.


Хуыцау рагацау куыд бауынаффӕ ӕмӕ снысан кодта, афтӕ Йӕ сымах муртаттӕгты къухӕй байтыгътат дзуарыл ӕмӕ Йӕ амардтат.


уӕд уе ’ппӕтӕн дӕр ӕмӕ ӕгас Израилы адӕмӕн дӕр зындгонд уӕд: сымах Кӕй байтыгътат ӕмӕ Хуыцау мӕрдтӕй Кӕй райгас кодта, уыцы Назаретаг Йесо Чырыстийы номы фӕрцы ацы лӕг уӕ разы ӕнӕнизӕй лӕууы.


Уӕ фыдӕлтӕ пехуымпартӕй кӕцыйы не ’фхӕрдтой? Уыдон амардтой, Рӕстгӕнӕджы ӕрцыды тыххӕй рагагъоммӕ чи загъта, уыцы адӕймӕгты. Сымах та ныр Рӕстгӕнӕгӕн Йӕхиуыл рацыдыстут гадзрахатӕй ӕмӕ Йӕ амардтат!


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ