11 Йесо сын дзуапп радта: «Раст у, Илийа хъуамӕ ӕрцӕуа ӕмӕ ӕппӕт дӕр банывыл кӕна.
Уый фыдӕлты зӕрдӕтӕ аздахдзӕни сӕ байзӕддаджы ’рдӕм, байзӕддаджы зӕрдӕтӕ та — сӕ фыдӕлтӕм, цӕмӕй, куы ’рцӕуон, уӕд зӕхх ӕлгъыстаг ма фӕкӕнон.
Уӕд Ӕй Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ бафарстой: «Уӕдӕ динамонджытӕ афтӕ цӕмӕн дзурынц, Чырыстийы размӕ, дам, уал Илийа хъуамӕ ӕрцӕуа?»
Фӕлӕ уын зӕгъын: Илийа ныридӕгӕн ӕрцыди, фӕлӕ йӕ нӕ базыдтой ӕмӕ йын, цы сӕ бафӕндыд, уый бакодтой. Афтӕ уыдон хъизӕмӕрттӕ бавзарын кӕндзысты Адӕймаджы Фыртӕн дӕр».
Апостолтӕ иумӕ куы ӕрбамбырд сты, уӕд Ӕй бафарстой: «Бардарӕг, Израилы паддзахад ногӕй ныр сфидар кӕндзынӕ?»
Уый хъуамӕ уӕлӕрвты уа, Хуыцау незаманы Йӕ сыгъдӕг пехуымпарты дзыхӕй куыд загъта, афтӕ, цалынмӕ алцыдӕр сног кӕныны афон ралӕууа, уӕдмӕ.