37 Се ’ппӕт дӕр бахордтой ӕмӕ бафсӕстысты. Хӕрды уӕлдӕйттӕй байдзаг ис авд чыргъӕды.
Уый сын радта, ӕмӕ бафсӕстысты, сӕ уӕлдай дӕр ма ныууагътой, Дунедарӕг куыд загъта, афтӕ.
Мӕн у Галаад, Менассиа дӕр — Мӕн, Ефрем у Ме згъӕрхуд, Иудей — Мӕ паддзахы лӕдзӕг,
Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ Йын загътой: «Уый бӕрц адӕм бафсадыны фаг ам, ӕдзӕрӕг ран, дзултӕ куыд самал кӕнӕм?»
Хӕргӕ чи кодта, уыцы адӕм та, сылгоймӕгтӕ ӕмӕ сывӕллӕтты нӕ нымайгӕйӕ, уыдысты цыппар мины.
Йӕ хорзӕхтӕй бафсӕста ӕххормӕгты, бонджынты та ницӕимӕ арвыста.
Фӕлӕ ахуыргӕнинӕгтӕ Савлы ӕхсӕвыгон тӕсчъы къулыл ӕруагътой.