12 Уӕд Ӕм ӕрбацыдысты Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ ӕмӕ Йын загътой: «Дӕ ныхӕстӕ фарисейтӕн кӕй фӕхъыг сты, уый зоныс?»
Ӕмӕ тӕхудиаг у, Мӕныл гуырысхо чи нӕ кӕны, уый».
Дзыхмӕ цы цӕуы, уый нӕ чъизи кӕны адӕймаджы, фӕлӕ, дзыхӕй цы рацӕуы, уый».
Йесо сын дзуапп радта: «Мӕ Уӕларвон Фыд кӕй нӕ ныссагъта, уыцы зайӕгой рӕдывд ӕрцӕудзӕнис ӕд уидӕгтӕ.
Фӕлӕ ныл цӕмӕй сӕ зӕрдӕ ма фӕхуда, уый тыххӕй ацу денджызмӕ, ӕнгуыр доны баппар ӕмӕ, фыццаг цы кӕсаг ӕрцахсай, уый райс. Ӕмӕ йын йӕ дзых куы байгом кӕнай, уӕд дзы ссардзынӕ статир. Рахӕсс ӕй ӕмӕ сын ӕй ратт Мӕн тыххӕй ӕмӕ дӕхи тыххӕй дӕр».
Мах къуылымпыйы хос никӕмӕн стӕм, цӕмӕй нын нӕ куыст мачи бафауа.
Фӕлӕ сын мах нӕ басастыстӕм ӕмӕ иу сахаты бӕрц дӕр нӕ бахаудтам сӕ дӕлбар, цӕмӕй уӕм Фарны Уацы ӕцӕгад баззайа сыгъдӕгӕй.
Уӕларвӕй ӕрцӕугӕ зонд та фыццаджыдӕр у сыгъдӕг, стӕй у фидауынгӕнӕг, сӕрныллӕг, коммӕгӕс, фӕлмӕнзӕрдӕ, йӕ хъуыддӕгты дыргътӕ сты хорз, никӕй хъулон кӕны, цӕстмӕмитӕ йӕм нӕй.