Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Матфей 14:3 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

3 Хабар та афтӕ уыдис: Ирод ӕрцахста Иоанны йе ’фсымӕр Филиппы ус Иродиадӕйы тыххӕй, рӕхыстӕй йӕ сбаста ӕмӕ йӕ ахӕстоны бакодта.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Матфей 14:3
18 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Иоанн ахӕстоны, Чырысти цы хъуыддӕгтӕ аразы, уыдоны кой куы фехъуыста, уӕд Ӕм йӕ ахуыргӕнинӕгты арвыста бафӕрсынмӕ:


Фӕлӕ Иродӕн йӕ гуырӕнбон куы уыди, уӕд Иродиадӕйы чызг кафыди уазджыты раз. Ироды зӕрдӕмӕ йӕ кафт афтӕ тынг фӕцыдис,


Иоанны ӕрцахстой, уый фехъусгӕйӕ, Йесо фӕстӕмӕ Галилеймӕ аздӕхти.


Уыцы хабӕрттӕ паддзах Ироды хъустыл дӕр ӕрцыдысты, уымӕн ӕмӕ алы ран дӕр Йесойы кой кодтой. Иутӕ дзырдтой: «Уый Аргъауӕг Иоанн мӕрдтӕй растад ӕмӕ ахӕм диссӕгтӕ дӕр уымӕн аразы».


Хабар та уыдис афтӕ: Ирод ӕрцахсын кодта Иоанны ӕмӕ йӕ Иродиадӕйы тыххӕй ахӕстоны бакодта. Уый уыдис йе ’фсымӕр Филиппы ус, ӕмӕ йӕ Ирод ракуырдта.


Иродиадӕ йӕм уый тыххӕй мӕсты кодта, йӕ амарынмӕ бӕллыд, фӕлӕ йӕ бон ницы уыди.


Иродиадӕйы чызг сӕм бацыд ӕмӕ сын кафыди. Ирод ӕмӕ уазджыты зӕрдӕмӕ йӕ кафт афтӕ тынг фӕцыдис, ӕмӕ йын паддзах загъта: «Цы дӕ хъӕуы, уый зӕгъ, ӕмӕ дын ӕй ратдзынӕн».


Йесо та сын фӕдзӕхста: «Хъусут, уӕхи хъахъхъӕнут фарисейты, стӕй Ироды ӕнхъизӕнӕй».


Уыцы рӕстӕг Йесомӕ чидӕртӕ ӕрбацыдысты ӕмӕ Йын радзырдтой, Пилат нывонд хӕссыны рӕстӕг кӕй ныццагъта, уыцы галилейӕгты тыххӕй: уыдонӕн сӕ туг сӕ нывӕндты тугимӕ схӕццӕ кодта, зӕгъгӕ.


Уыцы рӕстӕг Ӕм фарисейтӕй чидӕртӕ ӕрбацыдысты ӕмӕ Йын загътой: «Дӕхи ардыгӕй ӕндӕр ранмӕ айс, уымӕн ӕмӕ Дӕ Ирод амарынмӕ хъавы».


Ирод ӕмӕ йе ’фсӕддонтӕ Йесойы ӕгады бынаты сӕвӕрдтой, сӕхицӕн дзы хъазӕнхъул сарӕзтой. Уый фӕстӕ Йыл Ирод зынаргъ дарӕс скӕнын кодта ӕмӕ Йӕ фӕстӕмӕ Пилатмӕ арвыста.


Ӕмӕ, Ироды дӕлбар цы бӕстӕ ис, уырдыгӕй у, уый куы базыдта, уӕд Йесойы уымӕ арвыста — уыцы рӕстӕг Ирод дӕр Йерусалимы уыди.


Уыцы цау ӕрцыди кесӕр Тиверийы паддзахиуӕджы фынддӕсӕймаг аз. Уӕд Понтий Пилат хицауиуӕг кодта Иудейы, Ирод — Галилейы, йе ’фсымӕр Филипп — Итурей ӕмӕ Трахониты, Лисани — Абилинийы,


Хузайы ус Иоаннӕ — Ироды хӕдзары уынаффӕгӕнӕг; уыдонимӕ ма — Сусаннӕ ӕмӕ бирӕ ӕндӕр сылгоймӕгтӕ. Се ’ппӕт дӕр сӕхи хардзӕй лӕггад кодтой Йесойӕн ӕмӕ Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн.


Уыцы рӕстӕг паддзах Ирод райдыдта аргъуаны уӕнгтӕй иуӕй-иуты фӕдыл зилын.


Ӕмӕ ӕцӕгдӕр ӕрбамбырд сты ацы сахары Ирод ӕмӕ Понтий Пилат муртаттӕгтӕ ӕмӕ Израилы адӕмимӕ Дӕ байсӕрст сыгъдӕг Лӕггадгӕнӕг Йесойы ныхмӕ,


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ