24 Бӕлӕгъ та уӕдмӕ тынг адард ис былгӕронӕй, ӕмӕ йӕ уылӕнтӕ хостой, уымӕн ӕмӕ цыди дымгӕйы ныхмӕ.
Уӕ, бецау, тымыгъты амӕттаг чи баци, хъыгӕй йемыдзаг чи у, уыцы сахар! Ӕз дын дӕ сисы дуртӕ самайдзынӕн зынаргъ ӕмӕ ӕнӕхӕлгӕ змӕстимӕ, бындур та сын сӕвӕрдзынӕн сапфирӕй.
Уалынмӕ денджыз афтӕ тынг сабухта, ӕмӕ уылӕнтӕ бӕлӕгъы сӕрты калдысты; Йесо та фынӕй уыди.
Ӕмӕ федта, ахуыргӕнинӕгтӕн сӕ хъару кӕй басасти, уый, уымӕн ӕмӕ дымгӕ дымдта сӕ ныхмӕ. Нӕма ӕрбабон ис, афтӕ сӕм Йесо денджызыл бацыди къахӕй, ӕмӕ хъавыди сӕ иувӕрсты аивгъуыйын.
Тыхдымгӕ сыстади, ӕмӕ денджыз абухын райдыдта.
Варнавӕ хӕларзӕрдӕ адӕймаг уыди, Сыгъдӕг Уд ӕмӕ уырнындзинадӕй хайджын. Ӕмӕ Бардарӕгыл баууӕндыдысты бирӕ адӕм.
Уырдыгӕй араст стӕм дарддӕр; Кипры чъылдыммӕ бамбӕхстыстӕм дымгӕйӕ, уымӕн ӕмӕ дымдта нӕ ныхмӕ.