20 Иууылдӕр бахордтой ӕмӕ бафсӕстысты. Хӕрды уӕлдӕйттӕй байдзаг ис дыууадӕс чыргъӕды.
«Израилӕгты хъуыр-хъуыр фехъуыстон, ӕмӕ сын афтӕ зӕгъ: изӕры хӕрдзыстут дзидза, райсом та уын уӕ фаг уыдзӕн дзул. Ӕмӕ уӕд бамбардзыстут, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, уӕ Хуыцау, уый».
Ноджы ма Моисей загъта: «Дунедарӕг уын уӕ фаг ратдзӕн: изӕры — дзидза, райсомӕй та — дзул. Уымӕн ӕмӕ уын фехъуыста уӕ хъуыр-хъуыр. Сымах Дунедарӕгыл бустӕ кодтат, махыл нӕ, фӕлӕ. Мах чи стӕм?!»
Йӕ уисӕн тӕригъӕд чи кӕны, уый йӕ фырты нӕ уарзы, фӕлӕ йӕ чи уарзы, уый йын зонд бацамондзӕн.
Хойрагӕй уӕ ӕнӕхай фӕкӕндзынӕн, уӕ сылгоймӕгтӕ дӕсӕй иу пецы дзул фыцдзысты. Тӕразыл барстӕй уын дзул дӕтдзысты, ӕмӕ хӕрдзыстут, фӕлӕ не ’фсӕддзыстут.
сымах бирӕ байтаут, фӕлӕ тыллӕг чысыл сисут; хӕрут, фӕлӕ не ’фсӕдут; дон нуазут, фӕлӕ уӕ дойны нӕ сӕтты; уӕ уӕлӕ дзаума скӕнут, фӕлӕ уын хъармы хос нӕу; кусут, фӕлӕ уӕ чыссӕтӕ хуынчъытӕ сты.
Хӕргӕ чи кодта, уыцы адӕмы нымӕц та, сылгоймӕгтӕ ӕмӕ сывӕллӕтты нӕ нымайгӕйӕ, уыди фондз мины бӕрц.
Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ Йын загътой: «Уый бӕрц адӕм бафсадыны фаг ам, ӕдзӕрӕг ран, дзултӕ куыд самал кӕнӕм?»
Тӕхудиаг сты, стонгау ӕмӕ, дойны кӕмӕн у, уыйау рӕстдзинадмӕ чи бӕллы, уыдон, — Хуыцау сӕ бафсаддзӕн.
Йӕ хорзӕхтӕй бафсӕста ӕххормӕгты, бонджынты та ницӕимӕ арвыста.
Бахордтой се ’ппӕт дӕр ӕмӕ бафсӕстысты. Цы уӕлдӕйттӕ ма дзы баззади, уыдонӕй дыууадӕс чыргъӕды байдзаг ис.
Филипп Ын дзуапп радта: «Цӕмӕй сӕ фӕйнӕ къӕбӕры фӕуа, уый тыххӕй дыууӕсӕдӕ динары аргъ дӕр кӕрдзын не сфаг уыдзӕн».