4 Бацыди Хуыцауы хӕдзармӕ ӕмӕ хордта, йӕхицӕн дӕр ӕмӕ йе ’мбӕлттӕн дӕр хӕрӕн кӕй нӕ уыди, уыцы нывонды дзултӕй — уыдонӕй ӕрмӕст сауджынтӕн хӕрын ӕмбӕлыд.
Фынгыл хъуамӕ ӕвӕрай дзултӕ — ӕдзух Мӕ разы чи хъуамӕ уа, уыдон.
Моисей Аарон ӕмӕ йӕ фырттӕн загъта: «Фембӕлды Цатыры къӕсӕры раз дзидза сфыцут ӕмӕ дзы уым, сауджын суӕвыны нывонды хуынӕй чыргъӕды цы дзул ис, уыимӕ бахӕрут, куыд уын бафӕдзӕхстон, афтӕ. Аарон ӕмӕ йӕ фырттӕ сӕ бахӕрӕнт.
Йесо сын дзуапп радта: «Давид, йӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ йе ’мбӕлттӕ дӕр куы сыстонг сты, уӕд цы бакодта, уый тыххӕй нӕ кастыстут, ӕви?
Науӕд Моисейы Ӕгъдауы нӕ кастыстут, алы сабаты дӕр сауджынтӕ, Кувӕндоны кусгӕйӕ, сабаты фӕтк кӕй халынц, фӕлӕ сын уый азымыл нымад кӕй нӕу?
Авиафар алчер куы уыди, уыцы рӕстӕг бацыди Хуыцауы хӕдзармӕ ӕмӕ бахордта, ӕрмӕстдӕр сауджынтӕн хӕрын кӕмӕй ӕмбӕлди, уыцы нывонды дзултӕй, ӕмӕ ма дзы йе ’мбӕлттӕн дӕр радта».
Бацыди Хуыцауы хӕдзармӕ ӕмӕ райста, ӕрмӕст сауджынтӕн кӕмӕй ӕмбӕлд хӕрын, уыцы кувӕггаг дзултӕй, ӕмӕ дзы йӕхӕдӕг дӕр бахордта, стӕй ма дзы йе ’мбӕлттӕн дӕр радта».
Арӕзт ӕрцыди Уаз Цӕрӕн, уымӕн йӕ фыццаг агъуыст хуынди Уаз бынат. Уым уыдысты цырагъдарӕн, фынг ӕмӕ кувинаг дзултӕ.
Сауджын загъта Давидӕн: «Ӕнӕуи дзул мӕм нӕй, фӕлӕ мӕм ис кувӕггаг дзул. Ӕрмӕст, кӕд дӕ адӕм сӕхиуыл фӕхӕцыдысты ӕмӕ сылгоймӕгтимӕ нӕ фесты, уӕд».
Ӕмӕ йын сауджын радта кувӕггаг дзултӕ. Хуымӕтӕг дзул ӕм нӕ уыди, фӕлӕ, Дунедарӕджы раз кувӕндоны кӕй ӕрӕвӕрынц, ӕрмӕстдӕр ахӕм дзултӕ. Уыдон ист ӕрцӕуынц кувӕндоны фынгӕй ӕмӕ тӕккӕ уыцы бон сӕ бӕсты ӕрӕвӕрдӕуы ногконд дзултӕ.