39 Йесо сын дзуапп радта: «Хуыцауыл йӕ зӕрдӕ чи сивта, уыцы хӕлд фӕлтӕр ӕвдисӕйнаг домынц, фӕлӕ Ионӕ-пехуымпары диссагӕй уӕлдай ницы диссаг фендзысты.
Йеровоам ногӕй ӕрфидар кодта, Ливаны дӕлвӕзмӕ цӕгатӕрдыгӕй, Хаматы сахарӕй, куы бахизай, суанг уырдыгӕй райдай ӕмӕ Мард денджызы онг Израилӕн раздӕр цы арӕнтӕ уыди, уыдон. Афтӕ сӕххӕст ис, Дунедарӕг Йӕ цагъары, гат-хефераг пехуымпар Амиттайы фырт Ионӕйы уылты цы загъта, уый.
Мӕ цуры ӕрлӕуут, къулбадӕг усы лӕппутӕ, хӕтаг лӕг ӕмӕ хъахбай сылгоймаджы цот!
Дунедарӕг Амиттайы фырт Ионӕйӕн фехъусын кодта Йӕ ныхас:
Хуыцауыл йӕ зӕрдӕ чи сивта, уыцы хӕлд фӕлтӕр ӕвдисӕйнаг домы, фӕлӕ Ионӕйы диссагӕй уӕлдай ӕндӕр ӕвдисӕйнаг нал фендзӕн». Уыйадыл сӕ ныууагъта ӕмӕ ацыди уырдыгӕй.
Йесо арф ныуулӕфыдис ӕмӕ загъта: «Ацы фӕлтӕр ӕвдисӕйнаг цӕмӕн домы? Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: ацы фӕлтӕр ницы ӕвдисӕйнаг фендзӕни».
Ацы ӕнӕхуыцау тӕригъӕдджын фӕлтӕры раз, Мӕн кӕй зоны ӕмӕ мӕ ныхӕстыл Кӕй ӕууӕнды, уый ӕгад кӕмӕ фӕкӕса, уымӕй „мӕ ахуыргӕнинаг у“ зӕгъын Адӕймаджы Фыртмӕ дӕр ӕгад фӕкӕсдзӕн, Йӕ Фыды кадимӕ куы ’рцӕуа сыгъдӕг зӕдтимӕ, уӕд».
Хуыцауы ныууадзӕг адӕм! Дунеимӕ хӕларӕй цӕрын Хуыцауӕн знаггад кӕнын кӕй у, уый нӕ зонут, ӕви? Уӕдӕ дунеимӕ хӕларӕй цӕрын чи равзара, уый Хуыцауӕн свӕййы знаг.