37 Дӕ ныхӕстӕ дӕ кӕнӕ сраст кӕндзысты, кӕнӕ дын уыдзысты тӕрхонгӕнӕг».
Йӕ дзыхыл хӕцын чи зоны, уый йӕ цард хъахъхъӕны, рӕузонд ныхӕстӕ чи кӕны, уый йӕхи фесафдзӕн.
Адӕймаг йӕ ныхӕсты фарнӕй ӕфсӕды, йе ’взагӕй цы спайда кӕна, уымӕй бафсӕддзӕн.
Зӕгъын уын: сӕ алы ӕнӕрхъуыды ныхасы тыххӕй дӕр адӕм Тӕрхоны Бон дзуапп ратдзысты.
Уӕд динамонджытӕ ӕмӕ фарисейтӕй чидӕртӕ Йесойӕн загътой: «Ахуыргӕнӕг, исты ӕвдисӕйнаг нын куы фенын кӕнис, уый нӕ фӕнды».