35 Хорз адӕймаг йӕ хорздзинады къӕбицӕй хорзӕх рахӕссы, фыдзӕрдӕ адӕймаг та фыддзинады къӕбицӕй рахӕссы фыдӕх.
Уыдон дын бацамонӕнт, уыдон дын радзурӕнт, уыдон дын зӕрдӕбынӕй зӕгъӕнт:
Ӕнӕхуыцауы ныхӕстӕ — туг ныккалынӕн асадӕн, фӕлӕ рӕстуды ’взаг адӕмы фервӕзын кӕны.
Йӕ бон дзуапп раттын кӕмӕн у, уыцы адӕймаг цин кӕны, ӕмӕ куыд хорз у афоныл загъд ныхас!
Раст адӕймаг дзуапп раттыны размӕ лӕмбынӕг ахъуыды кӕны, ӕнӕхуыцауы ’взаг хорзӕй ницы ракалы.
Сабыр ныхас — царды бӕлас, сайӕн ныхас зӕрдӕйӕн — масты хос.
Калмы цот! Фыдзӕрдӕ уӕвгӕйӕ, уӕ бон хорзӕй исты зӕгъын куыд хъуамӕ уа? Уымӕн ӕмӕ адӕймагӕн йӕ зӕрдӕ цӕмӕй дзаг у, йе ’взагӕй дӕр уый рацӕуы.
Йесо та сын загъта: «Уӕдӕ Уӕларвон Паддзахады ахуыргӕнинаг чидӕриддӕр сси, уыцы динамонӕг у, йӕ къӕбицӕй ног дзаума дӕр ӕмӕ зӕронд дзаума дӕр чи райсы, ахӕм хӕдзары хицауы хуызӕн».
Уӕдӕ афтӕ: хорз бӕласыл хорз дыргътӕ ӕрзайы, низджын бӕласыл та — ӕвзӕр.
Хорз адӕймаг йӕ зӕрдӕйы хӕзнадонӕй ӕддӕмӕ хорзӕй исты рахӕссы, фыдзӕрдӕ адӕймаг та фыдӕхы къӕбицӕй — фыдӕх. Уымӕн ӕмӕ, зӕрдӕйы цы ис, дзыхӕй дӕр уый цӕуы.
Ӕнӕуаг ныхас ӕппындӕр ма схауӕд уӕ дзыхӕй, фӕлӕ, адӕймагӕн йӕ тыхсты чи феххуыс уыдзӕн ӕмӕ йӕ чи фӕфидар кӕндзӕн, ӕрмӕстдӕр ахӕм хорз ныхӕстӕ, — чи сӕ фехъуса, уыдонӕн фарны хос куыд уой, афтӕ.
Чырыстийы ныхас парахатӕй цӕрӕд уӕ зӕрдӕты. Ӕмӕ уын цы бирӕ зонд дӕтты, уый фӕрцы зонд амонут ӕмӕ ахуыр кӕнут уӕ кӕрӕдзийы. Хорзӕхӕй хайджынӕй Хуыцауӕн зӕрдиагӕй зарут псаломтӕ, гимнтӕ ӕмӕ удварны зарджытӕ.
Уӕ ныхас кӕддӕриддӕр уӕд зӕрдӕмӕдзӕугӕ ӕмӕ нывыл: зонут, кӕмӕн цы дзуапп дӕттын хъӕуы, уый.