13 Ӕгъдау ӕмӕ пехуымпартӕ се ’ппӕт дӕр Уӕларвон Паддзахады кой кодтой Иоанны размӕ.
Уый фыдӕлты зӕрдӕтӕ аздахдзӕни сӕ байзӕддаджы ’рдӕм, байзӕддаджы зӕрдӕтӕ та — сӕ фыдӕлтӕм, цӕмӕй, куы ’рцӕуон, уӕд зӕхх ӕлгъыстаг ма фӕкӕнон.
Аргъауӕг Иоанны заманӕй фӕстӕмӕ Уӕларвон Паддзахад райсыныл хъӕуы ӕппӕт хъарутӕ бахардз кӕнын, ӕмӕ, чи архайы, уыдон ӕй райсынц.
Ӕмӕ уӕ кӕд зонын фӕнды, уӕд Иоанн, ӕрцӕуинаг чи уыди, уыцы Илийа у.
Ӕмӕ сын, Моисей ӕмӕ ӕппӕт пехуымпартӕй райдайгӕйӕ, бамбарын кодта, ӕппӕт Фыстыты Йӕхи тыххӕй цы загъд ис, уыдӕттӕ.
Уый фӕстӕ сын загъта: «Уемӕ ма куы уыдтӕн, уӕд уын Ӕз уымӕн дзырдтон, Моисейы Ӕгъдау, пехуымпарты чингуытӕ ӕмӕ псаломты Мӕн тыххӕй цы загъд ис, ӕппӕт уыдӕттӕ хъуамӕ сӕххӕст уой, зӕгъгӕ».
Йерусалимы цӕрджытӕ ӕмӕ сӕ хицӕуттӕ Йесойы нӕ базыдтой ӕмӕ, алы сабат дӕр кӕй фӕкастӕуы, пехуымпарты уыцы ныхӕстӕ нӕ бамбӕрстой. Сӕххӕст сӕ кодтой, мӕлӕты тӕрхон Ын кӕй рахастой, уымӕй.
Фӕлӕ ма Ӕгъдауӕй уӕлдай ныр Хуыцау адӕмӕн раргом кодта, Ӕгъдау дӕр ӕмӕ пехуымпартӕ дӕр ӕвдисӕн кӕмӕн сты, уыцы рӕстад.