Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Матфей 10:21 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

21 Ратдзӕн ӕфсымӕр ӕфсымӕры ӕмӕ фыд хъӕбулы мӕлӕтмӕ, зӕнӕг рацӕудзӕн йӕ ныййарджыты ныхмӕ ӕмӕ сӕ марын кӕндзӕни.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Матфей 10:21
12 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Ноджы ма Давид загъта Авишай ӕмӕ йӕ иннӕ дӕлдӕртӕн: «Мӕхи фырт мӕ марынвӕнд куы кӕны, уӕд ма Бениамины мыггагӕй та цы бадомон? Ныууадзут ӕй. Уадз ӕмӕ ӕлгъита, уымӕн ӕмӕ йын Дунедарӕгӕй афтӕ фӕдзӕхст у.


Ме ’рдхӕрдтӕ мыл ӕнӕввӕрсон систы, кӕй уарзтон, уыдон рацыдысты мӕ ныхмӕ.


Дӕ хорзӕхтӕй схайджын кӕн Сионы, Йерусалимы систӕ самай!


Дунедарӕг зӕгъы: «Ӕз мысырӕгты кӕрӕдзиуыл сардаудзынӕн, ӕмӕ схӕцдзысты ӕфсымӕр ӕфсымӕримӕ, сыхаг сыхагимӕ, сахар сахаримӕ, паддзахад паддзахадимӕ.


Ӕмӕ, исчи пехуымпариуӕг куы кӕна, уӕд ын йӕ фыд ӕмӕ йӕ мад, йӕ ныййарджытӕ, зӕгъдзысты: «Ды хъуамӕ мард ӕрцӕуай, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕджы номӕй хъусын кӕныс мӕнг ныхӕстӕ». Ӕмӕ, пехуымпариуӕг кӕй кодта, уый тыххӕй йӕ амардзысты йӕ фыд ӕмӕ йӕ мад, йӕ ныййарджытӕ.


Уӕд бирӕтӕ уырнындзинад ныууадздзысты, кӕрӕдзиуыл гадзрахатӕй цӕудзысты ӕмӕ кӕрӕдзийӕн ӕнӕуынон суындзысты.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ