Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Марк 9:32 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

32 Фӕлӕ Йын уыдон нӕ бамбӕрстой Йӕ ныхӕстӕ, бафӕрсын та Йӕ нӕ уӕндыдысты.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Марк 9:32
12 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Ӕппынфӕстаг Йесо Йӕ иуӕндӕс ахуыргӕнинагмӕ раргом ис, фынджы уӕлхъус куы бадтысты, уӕд. Ӕмӕ сын бауайдзӕф кодта, уырнындзинад сӕм кӕй нӕ уыд, сӕ зӕрдӕтӕ ӕхгӕд кӕй разындысты ӕмӕ, Йӕ райгасы фӕстӕ Йӕ чи федта, уыдоныл кӕй нӕ баууӕндыдысты, уый тыххӕй.


Уый сын бауайдзӕф кодта: «Ау, сымах дӕр афтӕ ӕнӕмбаргӕ стут? Ӕви йӕ нӕ зонут, адӕймаджы хуылфмӕ ӕддейӕ цы бафты, уый йӕ кӕй нӕ фӕчъизи кӕны?


Йесо разылди, бакаст Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕм ӕмӕ Петрӕн тызмӕгӕй загъта: «Фесӕф Мӕ цурӕй, сайтан! Дӕ хъуыдытӕ, Хуыцауы фӕндон цы у, ууыл нӕ, фӕлӕ адӕймаджы фӕндоныл сты».


Йесойы фӕдзӕхст сӕ зӕрдыл бадардтой, фӕлӕ кӕрӕдзийы фарстой, «мӕрдтӕй райгас уӕвын» цы амоны, зӕгъгӕ.


Уыдон Ын Йӕ ныхӕстӕн ницы бамбӕрстой. Цӕуыл дзырдта, уыдӕттӕ сын ӕргом нӕ уыдысты ӕмӕ сӕм нӕ бахъардтой.


Фӕлӕ Йӕ уыдон нӕ бамбӕрстой.


Раргом сын кодта, Сыгъдӕг Фыст куыд ӕмбарын хъӕуы, уый


Фӕлӕ Йӕ уыдон нӕ бамбӕрстой — ӕргом сын нӕ уыдысты уыцы ныхӕстӕ ӕмӕ сӕм нӕ бахъардтой, бафӕрсын та Йӕ нӕ уӕндыдысты.


Цӕмӕн афтӕ бакодта, уый Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ фыццаг нӕ бамбӕрстой, фӕлӕ Йесойы кад куы раргом ис, уӕд сӕ зӕрдыл ӕрлӕууыд, Йесойы тыххӕй Сыгъдӕг Фысты афтӕ кӕй загъдӕуыд, уый.


Йесо бамбӕрста, цӕмӕй Йӕ бафӕрсынмӕ хъавынц, уый ӕмӕ сын загъта: «Ӕз уын афтӕ кӕй загътон: „Рӕхджы Мӕ нал фендзыстут, фӕлӕ та Мӕ рӕхджы ногӕй фендзыстут“, кӕрӕдзийы уый тыххӕй фӕрсут?


Уыцы рӕстӕг ӕрбацыдысты Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ ӕмӕ сӕм, Йесо сылгоймагимӕ кӕй ныхас кодта, уый диссаг фӕкасти. Фӕлӕ Йӕ сӕ иу дӕр нӕ бафарста: «Цы дӕ хъӕуы?» кӕнӕ: «Цӕуыл дзурыс йемӕ?»


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ