Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Марк 6:4 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

4 Йесо сын загъта: «Пехуымпар йӕ фыдыбӕстӕ, йӕ хӕстӕджытӕ ӕмӕ йӕ хӕдзарӕй дарддӕр ӕгад никуы вӕййы».

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Марк 6:4
6 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Уымӕ гӕсгӕ афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Анатоты цӕрджыты тыххӕй, дӕ мӕлӕтмӕ дын чи бӕллы ӕмӕ дын афтӕ чи дзуры: «Дунедарӕджы номӕй пехуымпариуӕг ма кӕн, науӕд дӕ амардзыстӕм».


Суанг дыл де ’фсымӕртӕ ӕмӕ дӕ хӕдзаронтӕ дӕр гадзрахатӕй рацыдысты, хъӕр кӕнынц дӕ фӕдыл. Хӕларзӕрдӕйӕ дӕм куы дзурой, уӕд дӕр-иу сыл ма баууӕнд.


Ӕмӕ Йыл не ’ууӕндыдысты. Йесо сын загъта: «Йӕ фыдыбӕстӕ ӕмӕ йӕхи хӕдзары йеддӕмӕ пехуымпар алкӕм дӕр кадджын вӕййы».


Йесо Йӕ ахуыргӕнинӕгтимӕ уырдыгӕй рацыд ӕмӕ Йӕ сахармӕ ӕрбацыди.


Фӕлӕ уын, ӕцӕг цы у, уый зӕгъын: иунӕг пехуымпарӕн дӕр йӕ фыдыбӕстӕйы кад нӕ вӕййы.


уымӕн ӕмӕ Йӕхӕдӕг дзырдта, пехуымпарӕн йӕ фыдыбӕстӕйы кад нӕй, зӕгъгӕ.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ