28 Уымӕн ӕмӕ зӕхх тыллӕг йӕхӕдӕг ратты: раздӕр ссӕуы ӕвзар, уый фӕстӕ фӕзыны ӕфсир, стӕй ӕфсиры нӕмыг ныннӕрсы.
Дунедарӕг Хуыцау зӕххӕй сзайын кодта, йӕ уынд зӕрдӕмӕдзӕугӕ, йӕ дыргъ та хӕрынӕн бӕзгӕ кӕмӕн у, алы ахӕм бӕлӕстӕ, дыргъдоны астӕу — царды бӕлас, стӕй хорз ӕмӕ ӕвзӕр базоныны бӕлас.
Уый у доны был сагъд бӕласау, йӕ дыргътӕ афоныл кӕмӕн рӕгъӕд кӕнынц, йӕ сыфтӕр кӕмӕн не ’руайы. Цӕмӕ бавнала — алы ран дӕр ӕнтыстджын.
Рӕстудты фӕндаг — сӕуӕхсиды ’нгӕс, цалынмӕ бынтон не ’рбабон ис, уӕдмӕ ирдӕй-ирддӕр кӕны;
Дунейы алцӕмӕн дӕр ис бӕлвырд рӕстӕг ӕмӕ хуыздӕр афон:
Алцыдӕр хорз йӕ афоныл у, Хуыцауӕн фӕндон куыд у, уымӕ гӕсгӕ. Хуыцау адӕмӕн сӕ зӕрдӕты бавӕрдта ӕнусон дуне ӕмбарыны зонд, фӕлӕ Йын Йӕ хъуыддӕгтӕ кӕронмӕ бамбарын адӕймаджы бон нӕу.
Зӕххыл зайӕгойтӕ билцъ куыд суадзынц ӕмӕ куыд байрӕзынц, уыйау Дунедарӕг ӕппӕт адӕмтӕн равдисдзӕн Йӕ рӕстдзинад ӕмӕ Йӕ кад.
Уӕдӕ нӕ уд хъарӕм, Дунедарӕджы базонынмӕ тырнӕм: Уый нӕм раргом уыдзӕн сӕуӕхсидау, фӕзындзӕн нӕм къӕвдайау, зӕххӕн йӕ дойны суадздзӕни тӕрккъӕвдайау».
Мӕнӕу куы сзадис ӕмӕ ӕфсир куы рафтыдта, уӕд мӕгъӕлда дӕр фӕзынди.
Ӕхсӕвыгон кӕны фынӕй, бонӕй та сысты; уӕдмӕ мыггаг суадзы ӕвзар ӕмӕ рӕзы — куыд, уый та адӕймаг зонгӕ дӕр нӕ кӕны.
Хор куы сцӕттӕ вӕййы, уӕд ыл адӕймаг ӕвӕстиатӕй рауадзы ӕхсырф, уымӕн ӕмӕ хуымгӕрдӕн афон ралӕууыд».
Сымахмӕ уыцы хорз хъуыддаг чи райдыдта, Уый йӕ Йесо Чырыстийы ӕрцыдмӕ кӕронмӕ кӕй ахӕццӕ кӕндзӕн, ууыл ӕз фидарӕй ӕууӕндын.
Мах кувӕм, цӕмӕй уӕ цардӕй кад кӕнат Бардарӕгӕн ӕмӕ алцы дӕр, Уымӕн ӕхцон куыд уа, афтӕ кӕныныл архайат, уӕ алы хорз хъуыддаг дӕр пайда куыд хӕсса ӕмӕ Хуыцауы фылдӕрӕй-фылдӕр куыд зонат,