31 Уӕд Йесомӕ ӕрбацыдысты Йӕ мад ӕмӕ Йе ’фсымӕртӕ. Дуармӕ ӕрлӕууыдысты ӕмӕ Йӕм бадзурын кодтой.
Йӕ хиуӕттӕ уый куы фехъуыстой, уӕд Ӕм ӕрбацыдысты, цӕмӕй Йӕ сӕхимӕ акӕной, уымӕн ӕмӕ афтӕ ӕнхъӕл уыдысты, цыма Йӕ зонд фӕцыд.
Йесо афтӕ уымӕн загъта, ӕмӕ чидӕртӕ дзырдтой, цыма йӕ мидӕг ис ӕнӕзӕгъинаджы уд.
Йӕ алыварс бадти бирӕ адӕм, афтӕмӕй Йын фехъусын кодтой: «Дӕ мад, Де ’фсымӕртӕ ӕмӕ Дӕ хотӕ ӕдде лӕууынц, агурынц Дӕ».