Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Марк 14:72 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

72 Уӕд уасӕг дыккаг хатт ныууасыд. Ӕмӕ Петры зӕрдыл ӕрлӕууыдысты Йесойы ныхӕстӕ: «Уасӕг дыууӕ хатты нӕма ныууасдзӕн, афтӕ Мыл ӕртӕ хатты атигъ кӕндзынӕ дӕхи». Ӕмӕ кӕуын райдыдта.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Марк 14:72
15 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Фӕлӕ адӕмы банымайыны фӕстӕ Давидӕн йӕ зӕрдӕ йӕхиуыл ӕрхудти ӕмӕ Дунедарӕгӕн загъта: «Тынг фӕтӕригъӕдджын дӕн, ахӕм ӕнӕрхъуыды ми кӕй бакодтон, уый тыххӕй ӕмӕ Дӕ курын, ныббар Дӕ цагъарӕн йӕ тӕригъӕд».


Ӕз дын ныббардзынӕн, цыдӕриддӕр ракодтай, уыдӕттӕ, ӕмӕ сӕ уӕд ӕрымысдзынӕ ӕмӕ ныфсӕрмы уыдзынӕ, ӕмӕ фыр ӕфсӕрмӕй дӕ дзых байгом кӕнын дӕр нал бафӕраздзынӕ», — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау.


Уӕд уӕ зӕрдыл ӕрбалӕудзысты уӕ фыдвӕндӕгтӕ ӕмӕ уӕ фыдракӕндтӕ, ӕмӕ уӕхицӕн сӕнӕуынон уыдзыстут уӕ тӕригъӕдтӕ ӕмӕ уе ’лгъаг миты аххосӕй.


Чи ма сӕ аирвӕза, уыдон та балидздзысты хӕхтӕм ӕмӕ къӕдзӕхтыл цӕрдзысты дӕлвӕзты бӕлӕттау. Се ’ппӕт дӕр дзыназдзысты се ’наккаг миты аххосӕй.


Йесо йын загъта: «Ӕцӕг цы у, уый дын зӕгъын, ахсӕв уасӕг нӕма ныууасдзӕн, афтӕ Мыл ӕртӕ хатты атигъ кӕндзынӕ дӕхи».


Йесо йын загъта: «Ӕцӕг цы у, уый дын зӕгъын: ахсӕв уасӕг дыууӕ хатты нӕма ныууасдзӕн, афтӕ Мыл ӕртӕ хатты атигъ кӕндзынӕ дӕхи».


Фӕлӕ Петр нӕ басасти: «Цытӕ дзурыс, ӕз уымӕн ницы зонын ӕмӕ, цы дзурыс, уый ӕмбаргӕ дӕр нӕ кӕнын». Уыйадыл ӕддаг кӕртмӕ рацыди, ӕмӕ уалынмӕ уасӕг ныууасыд.


Уӕд Петр ард хӕрын ӕмӕ Хуыцауӕй сомы кӕнын райдыдта: «Кӕй кой кӕнут, ӕз уыцы Адӕймаджы нӕ зонын».


Фӕлӕ Петр уымӕн дӕр загъта: «Цытӕ дзурыс, уый не ’мбарын». Петр йӕ ныхас нӕма фӕци, афтӕ уасӕг ныууасыд.


Петр ӕддӕмӕ рацыд ӕмӕ судзаг цӕссыгтӕй ныккуыдта.


Хуыцауӕн фӕндон цы хъыг у, уый расайы фӕсмон, ахӕм фӕсмон та фервӕзынмӕ фӕндаг у ӕмӕ хъынцъыймаг нӕу. Дуне цы хъыг дӕтты, уый та мӕлӕт расайы.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ