49 Ӕз ӕрвылбон уемӕ Кувӕндоны уыдтӕн, ахуыр кодтон адӕмы, ӕмӕ Мӕ нӕ ахстат. Фӕлӕ Сыгъдӕг Фысты цы загъд ис, уый хъуамӕ сӕххӕст уа».
Ӕппӕт уыдӕттӕ ӕрцыдысты, цӕмӕй сӕххӕст уа, Хуыцау пехуымпары дзыхӕй цы фехъусын кодта, уый:
Фӕлӕ ӕппӕт уыдӕттӕ куы не ’рцӕуой, уӕд куыд сӕххӕст уыдзӕн, Сыгъдӕг Фыст цы зӕгъы, уый?»
Ӕмӕ Йесо адӕмӕн загъта: «Цыма абырӕг дӕн, уыйау Мӕм кӕрдтӕ ӕмӕ хъилтимӕ куы рацыдыстут ахсынмӕ. Афтӕмӕй та Ӕз ӕрвылбон Кувӕндоны бадтӕн ӕмӕ уӕ ахуыр кодтон, ӕмӕ Мӕ уӕд нӕ ахстат.
Фӕлӕ ӕппӕт адӕттӕ уымӕн цӕуынц, цӕмӕй сӕххӕст уа, пехуымпартӕ цы ныффыстой, уый». Уӕд Ӕй ахуыргӕнинӕгтӕ се ’ппӕт дӕр ныууагътой ӕмӕ фӕлыгъдысты.
Уырдыгӕй Йесо ацыд Иудейы зӕхмӕ ӕмӕ Иорданы фаллаг фарсмӕ ахызти. Адӕм та Йыл ногӕй ӕрӕмбырд сты, ӕмӕ та сын иннӕ хӕттытау амыдта.
Йесо та Йӕ ахуыргӕнинӕгтимӕ ӕрбаздӕхти Йерусалиммӕ. Кувӕндоныл куы зылди, уӕд Ӕм алчертӕ, динамонджытӕ ӕмӕ адӕмы хистӕртӕ бацыдысты
Йесо дарддӕр адӕмы ахуыр кодта Кувӕндоны ӕмӕ сӕ фарста: «Динамонджытӕ Чырыстийӕ, Давиды байзӕддаг у, зӕгъгӕ, куыд дзурынц?
Уӕд Йесо адӕмӕн загъта: «Цыма абырӕджы ахсут, уыйау Мӕм кӕрдтӕ ӕмӕ хъилтимӕ куы рацыдыстут.
Уӕд Ӕй ахуыргӕнинӕгтӕ иууылдӕр фӕуагътой ӕмӕ лидзынмӕ фесты.
Йесо алы бон дӕр Кувӕндоны адӕмы ахуыр кодта. Алчертӕ, динамонджытӕ ӕмӕ адӕмы хистӕртӕ та Йӕ амарынвӕнд кодтой,
Зӕгъын уын, Сыгъдӕг Фысты цы загъд ис, уый Мыл хъуамӕ ӕрцӕуа: „Фыдгӕнджыты хыгъдмӕ Йӕ бахастӕуыд“. Мӕн тыххӕй цы фыст ис, уый рӕхджы сӕххӕст уыдзӕни».
Йесо зылди Кувӕндоныл, Соломоны тыргъы.
Йесо йын дзуапп радта: «Ӕз ӕргомӕй дзырдтон дунейӕн. Ӕз кӕддӕриддӕр адӕмы ахуыр кодтон синагогӕты ӕмӕ Кувӕндоны, иудейӕгтӕ иууылдӕр кӕм ӕмбырд кӕнынц, уым. Сусӕгӕй та ницы дзырдтон.
Бӕрӕгбоны фӕстаг ӕмӕ ӕппӕты ахсджиагдӕр бон Йесо сыстад ӕмӕ хъӕрӕй загъта: «Дойны кӕмӕн у, уый Мӕм ӕрбацӕуӕд ӕмӕ бануазӕд.
Йесо дарддӕр адӕмӕн дзырдта: «Ӕз дунейӕн рухс дӕн. Мӕ фӕдыл чи рацӕуа, уый талынджы нӕ цӕудзӕни, фӕлӕ схайджын уыдзӕн царды рухсӕй».
Фӕлӕ райсомӕй раджы ногӕй Кувӕндонмӕ ӕрыздӕхт, ӕмӕ адӕм иууылдӕр цыдысты Уымӕ. Уый ӕрбадт ӕмӕ сын амонын райдыдта.